Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ

БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ | КÆМÆНДÆРТЫ | КЪУЫРМА КОМПОЗИТОР | ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН | AElig;МÆ УÆДДÆР... | НЫЙЙАЗÆЛД | ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | СВЕТЛАНÆЙÆН | ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ | ДÆУÆН |


Читайте также:
  1. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  2. БИРÆГЪ
  3. ИУНÆГ КУЫДЗ
  4. КÆМÆНДÆР
  5. КÆМÆНДÆРТЫ
  6. КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ

Сывæллæттæн

Иу изæр æрфынæй хъæу, —

Тар æрцауындзæг йæ хъуырыл.

Бирæгъ урсæфцæг æмгуырæй

Хъавгæйæ фæбыры хуырыл...

Худæг нæу? —

Каркау у мæрдвынæй хъæу.

 

Карз у балбирæгъты дзуг, —

Род ныййардта дысон хъуг,

Хъуамæ йæ ныргæвдой абон...

У æнæцæстуарзон амонд:

Кæд сæрæн дæ — у фыдхин,

Науæд хъахъхъæн-иу дæхи!

 

Æмæ дын фæхъуызы бирæгъ,

Сты йæ балбирæгътæ иу рæгъ...

Куыдз — нæ Мила у хъыхъхъаг,

Уый та сын фæуыдзæн фаг;

Уый та сæ дзырдæй-дзырдмæ

Скæндзæни куыдзæй-куыдздæр.

 

Фæлæ бирæгъ цæсты тигъæй

Хъахъхъæны: йæ дæндат — арц,

Хæхтыл, дзойтæгæнгæ, мигътæн

Ферттивы сæ урсхъуын барц.

Худæг нæу? —

Каркау у мæрдвынæй хъæу.

 

Куыйтæ ралæбурдтой, ох-хай, —

Тасы чи нæ цæуы тохмæ.

Дæнг!.. Æхситт!.. Æмæ хъæртæй

Суынгæг бирæгъы зæрдæ.

Худæг нæу?

 

Бирæгъ дæр тæрсы, уæвгæ!..

Фæлæ бирæгъ царм ныууигъы.

Иуцъусдуг хæцы йæхиуыл...

Гъæйтт, мæ рувасы зæрдæ,

Ахсæв гъæйтт-мардзæ лæг дæ! —

Баххуыс мын кæн æмæ хинæй

Сойтæ рауадзон мæхиуыл.

 

Куыдзмæ бабырыди цадæг

Æмæ йын кæны æрвадиуæг: —

Цæй, мæ куыдзы зæрдæ фест,

Æз дæ мыггагæй дæн, ехс

Ды æфсæстæй æмæ сонтæй

Ма хæсс хионы фæсонтыл!

 

Æз сыдæй мæлын, нæ давын,

Уый бæсты мын сгуытæ радав,

Сойæ асхъауон мæ дæндаг

Æмæ ног кæнон мæ фæндаг.

Куыдз ысхъырныдта, фæраст,

Фæлæ йæм цы амонд каст?

 

Бирæгъ иу сæррæттæн кæртмæ

Багæпп кодта кауы сæрты,

Куыдзæн ацахста йæ дзых,

Балбирæгътæ йын йæ пырх

Акалдтой. Фæлæ дын лæг

Райдыдта гæрах... Дæнг... Дæнг...

 

Лæджы бирæгъдзарм фæцис,

Куыдзæй нал аззадис хъис.

Род та хъуджы фæдæг дадта,

Фырцинæй æнцой нæ ардта.

Худæг нæу?

Тых тыхы кæны нæмгæ,

Сабыр та кæны дæйгæ!..

ХУДÆДЖЫ ÆМДЗÆВГÆ

Сылгоймаг:

— Цы къæсы фæцæрис мæнимæ

Уæвгæ?

Нæлгоймаг:

— Уæвгæ, та æрмæстдæр,

Зындоны...

 

Сылгоймаг:

— Мæ зæрдæ йæ зоны,

Æрмæст та...

Лидзгæ нæ!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ| ЧЕСЕЛТГОМ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)