Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ

МА ТÆРС... | АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС | ФÆЗЗÆГ | ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ | НЫВГÆНÆДЖЫ ТÆРГАЙ | ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ | СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН | ХУДÆДЖЫ СОНЕТ | ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН | ХОХАГ ЗÆРОНД УС |


Читайте также:
  1. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  2. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  3. КÆМÆНДÆР
  4. КÆМÆНДÆРТЫ
  5. ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ
  6. МÆ АДÆМÆН

Куыд тæригъæддаг у кæсагласы хъæр!..

Цы агуры арвастæу уагæр?

У дуне æгæрон, фæлæ дзы уæддæр

Цыдæр хорз нæ ары хæснагыл.

 

Фæтæхы бæрзонд æмæ базырты урс

Нырттивы цъæх-цъæхид тыгъдады.

Быниау та арфы — йæ бæллицты рухс,

Сызгъæринвæлыст кæсаг бады.

 

Кæсагæн йæ арв у зыгъуыммæ — бынмæ,

Уым бирæ хъуынадуртыл — дзуллаг:

Сæ дыууæйы астæу цæхх ысдæрынмæ

Былгæрæттæм ахъуызы уылæн.

ЦАРДЫ НЫСАНТÆ

Зæххыл ис æппæтæн дæр исты нысан:

Æрдзæй лæвæрд кургæ хæрзиуæг,

Кæй фæрцы йæ удыл нæ фæдары сау,

Нæ кæны фæцæрынмæ зивæг.

 

Тæрхъусæн йæ гæппыл нæ фæхæцы цæст,

Йæ хинæй фыдбылыз у рувас.

Цæф арсы дзæмбытæм ды бахау æрмæст,

Æмæ дæ ныгæндзысты хурварс.

 

Чи маргæй, чи зондæй уæлахиз кæны.

Ныхмæвæрд — фыры сытау — дуне.

Æхсæрдзæнау рæстæг нæ уæнтыл кæлы,

Фæлæ нæм нæ хъуысы йæ уынæр.

 

Уый дун-дуне раттæгæн бахордта ард:

Мæлæт æмæ царды ’хсæн мадау

Æрæппары сæрбæттæн. Хонæм мах цард

Гъе уыцы цыбыр дуг нæ рады.

 

Йæ фæуд мæм нæ кæсы фырдиссæгтæ, тас...

Фæнды мæ: цыргъыссад фæрæтау

Куы лæууид — æнæхин мæ фыдгулты раз

Гæрзифтонгæй алкæд мæ рæдау.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 55 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС| ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)