Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХОХАГ ЗÆРОНД УС

ДАВИД-СОСЛАН КУРАЙЫ БЫЛЫЛ | ХОХАДЖЫ РАДЗЫРД | МА ТÆРС... | АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС | ФÆЗЗÆГ | ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ | НЫВГÆНÆДЖЫ ТÆРГАЙ | ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ | СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН | ХУДÆДЖЫ СОНЕТ |


Читайте также:
  1. ЗÆРОНД БÆХ
  2. ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ
  3. ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ
  4. ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  5. ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ

Бязырты Аннæйæн

Йæ рудзынг — гом. Ыстыр горæты астæу

Ныззылд мæсыгау арвæмбæрц хæдзар.

Уый у йæ ног къæс. Уисойагау тасы

Йæ разы Терк — цæрæнбонты хæдбар.

 

Æддейы уары мит. У дун-дуне æгуыппæг.

Хæснагыл кæрты цъиуызмæлæг нæй...

Хæхбæсты уæд, дæ хъæбулæн йæ сынтæг

Æррæвдз кæн, æмæ бонæй дæр — фынæй.

 

Фыдрасыгæй-иу чидæр ойтæ-айтæм

Фæкъæртт и, — исчи ракæсæг фæуа...

Ныр ам та хуры хъæндилтау трамвайтæ

Бырынц сæ фазыл. Чердæм — æмæ гъа?!

 

Тъыфыл мит уары. Мигъдалынг йæ къæсыл

Тыхсы. Куысты — йæ цот. У афтид уат.

Йæ лæг æм къамы фæлгæттæй фæкæсы,

Ызмæлгæ кæна, уæларынглæууа...

 

Уый ацыди. Фыдбонæн у ныййарæг, —

Фæрныгæн, дам, йæ сау ингæн — уæгъдхъуыр.

Йæ хъæбултæ уыдзысты тагъд йæ карæн,

Сæ хурæй сын нæ бафсæсти, мæгуыр.

 

Сæ доны къусæй дæр сæ фыдæн рухсаг

Фæзæгъынц, стæй мæ цæрæнбон — сæнæй.

Цыма мæнæн, — фæкæсы сæм уый диссаг, —

Нæ мад, нæ фыд нæ уыди æмæ нæй.

 

О сфæлдисæг! Цард базыдтам дæ фæрцы,

Æрвитæм æй æнус-æнус рыстæй.

Нæ Иры ном цы хъæбултыл æрæнцад,

Гъе уыдон макуы, ма фесаф рæстæй.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН| ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)