Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЗÆРОНД БÆХ

AElig;НÆЗОНГÆЙÆН | КУЫДЗЫ МÆЛÆТ | МÆ ИРЫ КЪÆС | МÆ РАГОН, МЕ ’РЫГОН ИР! | МÆ КАРÆН ХÆСТОН | НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ | ПРОМЕТЕЙ | СÆРИБАР | КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ | ИЗÆР |


Читайте также:
  1. БÆХЫЛ
  2. ДУГЪОН БÆХ
  3. ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ
  4. ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ
  5. ХОХАГ ЗÆРОНД УС

Мæ саулохаг, мæ рагбæллицты кой!

Зæрдæмийæ фыдæнхъæл у дæ рифтаг:

Ызнæт, дам, у, тæссаг, зæгъгæ, дзырдтой

Дæ хицæуттæ, капеччытыл дæ ивтой!..

 

Дæ хицау иу хъæздыг уыди, ды та

Нæ зыдтай хор. Нæ уыди цы йæ къухы,

Фæлæ, дам, уæд фыдуаг кæны!.. Зыдта,

Дæу бархийæ нæ аскъæрдзæни дугъы.

 

Мæ уадсур бæх! Мæнæн уыдтæ нывонд, —

Дæ чысылæй мæ ном фыст и дæ саргъыл!..

Хæдбазыр æмæ сагæлвæст — дæ конд,

Бæстонхорзæн ма чи дзуры йæ аргъыл!..

 

Дæ къæхты ист — къæвдайы ’ртæхты кафт!

Мырмыргæнгæ ды фесхъиуыс мæ быны!

Фæлæ æрфæлмæн ирд цæстыты арт, —

Æгъатыр рæстæг маргъыл дæр фæзыны...

 

Мæ зондджын бæх! Сæдæ царды дæр — цъус

Нæ сонт удтæн, цы ма нымайæм бонтæ?!.

Æрцу, дæ русæй барæвдау мæ рус,

Æмæ тæхæм... Уый чи загъта, зæронд дæ?!.

ЛÆППУЙЫ ЛÆГЪСТÆ

Лæг, бæрзонд хæрзтæм хъавгæйæ, рафты...

Рафты иу афон зондæй, тыхæй...

Хъус-ма, хорз чызг, ды бауарз мæн афтæ...

Афтæ — ницæй тыххæй!

 

Æз нæ зонын, фæрныглæгау, зарын.

Дугъы, уадау, нæ тæхы мæ бæх...

Гом, бæгънæг хъæдау, фæззæджы тары,

У мæ хъуыды æнæсым, лæмæгъ.

 

Æз нæ фестын мæ къахфындзтыл кафты, —

Уыцы рог хъару ме уæнгты нæй,

Фæлæ ды мæн куы бауарзис афтæ...

Афтæ — уды фæрнæй!

 

Уæд, æнхъæлын, хъæпæнæвæрд кæмтты

Ног ныннæриккой дæттæ зымæг;

Дуне ног хуызы сыстид мæ сæнтты,

Æмæ айсæфид уды тызмæг.

 

Æз фæдзурин æхцонæн, нæ зæххыл

Лæг цы бавзары хорзæй, зынæй...

 

Науæд хæлуарæг — дымст фыдæхæй! —

Сæрд куыд кæны йæ тыныл фынæй.

 

Æз фæдзурин фыдæлтыккон хурыл, —

Рох нæ баззаид ницы мæнæй...

Хъус-ма, сау рæсугъд, бауарз мæ, курын,

Афтæ... Уды фæрнæй!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 43 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИУНÆГ КУЫДЗ| ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)