Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ДУГЪОН БÆХ

ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ | ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН | ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ | Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй |


Читайте также:
  1. БÆХЫЛ
  2. ЗÆРОНД БÆХ

Анцади æфсæн дзывырыл хуымы.

Кады сæрыл иста хæхты дугъ...

Ауæзт донау, удхайраг цъысымы

Сæр ныттилы — бандзыг и йæ хурх.

 

Хуры тынау, гагуытæ æмырæй

Фестъæлфынц йæ цæстыты къуырфы.

Тугхъæлæс кæны фæсус мыр-мырæй,

Стонг хуыррыттæй ауæдзмæ хуыфы.

 

Хызт уыди йæ уæздан буар ехсæй,

Хус тæлмытæй хъулон у ныр та, —

Идоны дзыгъал-мыгъултæ фесты, —

У сæ мысын амонды мыртау.

 

Изæр хицау сау хамут куы сисы,

Рог ыскафы: къахы айст — хъазар,

Фæлæ иунæг байраг дæр нæ исы

Йемæ фæзы дугъкæныны бар.

 

Схæцы та, æрвæрдынау, гæппытыл, —

Хъуамæ, сонтау, ног хъæумæ тæха.

Ыскъæты æвзист саргъы гоппытæ

Фесдæры йæ дойныйæ цæххау.

***

Уыд мæ царды æппæт дæр хуымæтæг:

’Ууæрстон ногдзыд пысыра цæххимæ.

Уæлвæз цæндты сæрæй хуымæллæг

Æз бæгæныйæн хастон нæхимæ.

 

Изæр хъарм галты астæу бадтæн

Бæрзы урс зæнджы рухсмæ кæрты.

Уæд мæ хъуыды нæ карста, адæм

Дих кæй ысты сæрæгæстыл, мæрдтыл.

 

Уарзтон хуримæ уарыны найын,

Нозтон мæимæ ’хсыр мæ худæй.

Æз æппындæр нæ зыдтон, сайын

Лæг кæй зоны æрмæстдæр йæ уды!..

 

Æмæ хастон мæ зæрдæ м’ армы

Æддагæтты цин æмæ хъыгмæ.

Бадт-иу чидæр йæ аууон хъармы,

Стæй-иу æй фехста рыгмæ.

 

Систы рагæй мæ армытъæпæнтæ

Куысты галы æвзагæй дæрзæгдæр, —

Æз нæ зыдтон уæддæр мæ хъæнтæ,

Уæд нæ калди мæ артæй фæздæгдæр!

 

Æз нæ зыдтон бæстон мæхи дæр,

Æз мæ зынтыл сæрыстырæй худтæн,

Æз Хуыцау уыдтæн, афтæмæй чидæр

Кодта арæх мæ фæстæ тутæ...

 

Æз нæ батыдтон саби дуг адæн.

Нæ, нæ кæнын фæсмон мæ фæдтыл;

Æз нæ бамбæрстон, удæгас адæм

Дих кæй ысты сæрыгæстыл, мæрдтыл...

 

Æмæ ’ууæрдын ныронг пысыра,

Арæх баназын саусæр бæгæны...

Кæд мæ калддзæг уд райгуырдæй сæрра,

Æви зæрдæ зæронд дæр нæ кæны?..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ| МÆ РОХ КЪУЫМ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)