Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй

БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ | ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН |


Читайте также:
  1. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  2. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  3. КÆМÆНДÆР
  4. КÆМÆНДÆРТЫ
  5. КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ
  6. ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ
  7. МÆ АДÆМÆН

***

Ехх, кæд зæрдæйы фыдрыстæн

Ис æвдадзы хос — бынат?..

Ир, мæ урс хъыгты Ирыстон,

Цæстытыл æфтауы арт.

 

Цыма мадæл карк йæ цъиутыл

Бады, дымгæмæ сæлы, —

Арв йæ цъæх хæдоны риутæй

Урс хæхтыл æнцой кæны.

 

Бæгæныйы хус тæф фæздæг

Дурбыд къонатæй хæссы.

Фæтæнты хъæбысæй кæрдæг

Зулæй цæргæсмæ кæсы.

 

Уæлæ донхауæны аууон

Сæныкк, дзидзийау, дæйы.

Бафтыд их цъитийыл саубон, —

Хуры гагуытæм сæйы.

 

Бæх йæ раззæгтæ ныххойы.

Рындз йæ мыр-мырæй кæлы.

Бæрзы цонг æнцад-æнцойæ

Коммæ дзедзырой кæны.

 

Кæд рæстæгмæйы æмгарау,

А цард узæлы мæныл?..

Туг фыцы, цæхæр æппары,

Риуы зарæг гъæйтт кæны.

***

Æз ногæй дæн мæ райгуырæн къæсы,

Хъæрмуст уæлдæф мæ уæнгты, тугау, хъазы

Æфтауцтæй цъæх хосы тæф хæссы

Æмæ дзы дымгæ, расыг лæгау, нуазы.

 

Æрæгвæззæг — цæрмыстыгъд фиуы бур.

Бæрзонд рæгътыл æм урс гæды æрхъуызы.

Мæ зæрдæмæ лæдæрсы цадæг хур,

Цыма æндæр уд бацыди мæ хуызы.

 

Æмæ уынын мæ мид-зæрды, фынау,

Цы мæ уыд рох, æдзух цы уад мæ цæстыл..

Хæссы мын цард сыгъдæг амонд, хуынау,

Йе, метеорау, атахти мæ рæзты?

 

Фæрсаг митыл нæ кодтон тых æвгъау,

Цыдæр хъуыды мæ ныр æфтауы тасы:

Кæмдæр ныппырх ыстонг сæгъты рæгъау,

Æмæ йæ мадмæ сидзæр сæныкк уасы...

 

Рæсуг кæны, ызды донау, уæззау,

Къуытты дызæрдыг риуы, низау, бады:

Æрцыд ам сæфт, æвæджиау хæзна, —

Мæн мисхалæн дæр чи нæ хъуыди царды.

 

Æмæ ныр æз — хæддзу уазæг цæлы,

Æцæгæлонау, рацæйцæуын уынгмæ.

Мæ уадул мын æхцон хъыдзы кæны,

Куыствæллад галы комы тæфау, дымгæ.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 52 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ| AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)