|
Сымæр бынæтты, стыр горæты астæу
Æдзæрæг æмæ аразгæ хъæды
Сырды къахæй куы у дæ æрдуз хастау,
Уæд ма дзы иунæгæй цы кусыс ды?
Дæ даргъ къæдзил, тырысайау, фæйлаугæ,
Рæхснæг хихтыл куы айгæрстай къæсæр.
Æви нæ кæныс ды, мæнау, фæллайгæ
Æнуд æмæ хæццæ горæты ’хсæн?
Æви дæм амонд дары, мадау, йе ’рмттæ, —
Уæздан узæлдыл сахуыр дæ æдзух.
Фырбуц митæм æвдæлон пенсионертæ
Нæ уадзынц дæу æхсæры аппæй цух?
Мæн уыдонæй, мыййаг, нæ кæныс хицæн?
Æрцу мæнмæ дæр. ’Хсæры апп мæм нæй,
Æрмæст дæ æз фæхъаздзынæн мæхицæн:
Лыстæг хуыртæй фæминас кæн фæрнæй.
Æмæ цæуыс. Æнæхин уды ’ууæнкæй
Дæ цæст у дзаг. Æз дæм кæнын хæлæг:
Мæ сонт уарзты нæ чъил кодтон дæ фæткæй
Мæнæн дæр лæг уыдис, æрмæстдæр лæг.
Мæ уарзт æмæ рæдау зæрдæ æз дæр
Ныддих кодтон æддагæттыл. Сæ фæстæ
Цыдтæн æмæ мæхи куысты мыздæн
Дæу хъауджы истон хинæйбыд ныхæстæ.
Мæ рог сæнтты вæййын ныронг дæр хивæнд
Мæ фæстæ чидæр бахуды хъæрæй;
Æрцу, уæдæ, мæ рустæм дæ нылхъивон,
Мæ чысыл сырд, æхсæры апп мæм нæй...
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй | | | ДУГЪОН БÆХ |