Читайте также: |
|
I
Мæнмæ нæ фæкæсынц æнхъæлмæ,
Мæ фæстæ не ’рхауы цæссыг.
Æнцайынц иу æфсондзы хъæдыл,
Дыууæ галау: мæ цин, мæ хъыг.
Цырвгъуыз сæуæхсиды фæлмæн
Мæн сисы кæрдæджы æртæхæй.
Цæрынæй хуыздæр амонд мæн
Нæ хъæуы, сау халонау, зæххыл.
Сындæггай райдайын мæ цыд
Фыдфыны тухиты мæцъæлæй.
Цы сты лæджы кад æмæ цыт —
Цъæх артыл хурмæсыгъд къæцæлтæ.
Мæн уыдон не ’ндавынц, æрмæст
Мæ хъыг нæ алыг ис къæбæрыл.
Мæ хивæнд хауæггаг хъысмæт,
Æлгъыстау, азæлы мæ сæры.
Фæлдисæг æрдзæй ныв мæнæн
Нæ уыд æфсарм æмæ лæджыгъæд.
Æррамæ й’ ахсджиагдæр хъæн
Куыд кæсы хинымæр фæтчыгъæд,
Гъе, афтæ æз мæ марæн кард
Æнусты н’ аппæрстон мæ армæй.
Мæ уæлдай бирæгъ лæджы цард
Нæ кæсы адæммæ хæрамау.
II
Хъæцын ма æз, нæ кæнын мæт,
Кæй фæдæн халсæртты ’хсæн хъоло,
Æмæ цигайнаджы мæлæт
Кæй нæ ныхъхъæр кæны некролог.
Мæнæн нæй дзуар æмæ Хуыцау,
Æз хины сау тыхтæй уæлдæр дæн.
Нæ зæххыл адæмты быцæу
Æххæссы авдæнæй уæлмæрдмæ.
Æрмæст мæ мыггаджы сæрыстыр
Хъуынтъыз балцы, æнуд изæр.
Ныххуыссы, пъæззыйау, мæ рыстыл
Æмæ кæны фæдисы хъæр.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН | | | Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй |