Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фыццаг æмдзæвгæ чи ныффыста, уымæн

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | МÆСКУЫ | ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ |


Читайте также:
  1. МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН
  2. ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ...

Цымæ цы рыст дæ удæй та, мæгуыр,

Цы феккуырстæ, хуыцауысконд зæххон лæг?

Дæ сонт хъуыды, дæ фыццаг хъæр, дæ дзырд

Цæуыл уыди, цы номхæссæг, цы домæг?

 

Рæстдзинад, тох, уæззау царды æргъом,

Йе уарзты суадон фенкъуысти дæ риуæй?

Рæхуыст галау, ныббогъ кодтай æргом,

Æви æстыдтой фарны зæлтæ цинæй?

 

Мæ дард фыдæл, нæ мæм æрцыд дæ фыст, —

Æнусты тары байгомыг дæ зарæг.

Фæхъуысы мæм дæ дæндæгты хъыррыст, —

Ыскъæфы ма йæ рæстæджы ныййазæлд.

 

Уынын: уый мамонт цуанæтты кæрды,

Йæ даргъ фындзæй кæйдæр астæу ныссаста.

Æххуысмæ йæм дæу бацæуын фæндыд.

Фæлæ æдзæмæй, хины сырдау, кастæ.

 

Æмæ фыццаг хатт бамбæрстай, кæм ис

Сæ хъауджыдзинад адæм æмæ фосæн.

Ысдзырдта дæм дæ хъæддаг царды рис:

Цæмæн фæзындтæ а зæххыл, цы хосæн?

 

Мæн дæр ыскодта ацы фарст хъуырмæ,

Нæ уыд мæнмæ дæр а дунемæ хонæг.

Мыййаг, кæд æз дæ хуызæн дæн нырмæ, —

Хуыцауысконд æргъиухъуыды зæххон лæг?..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 55 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ| ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)