Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МÆ ФЫДÆН

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | МÆСКУЫ | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ |


Читайте также:
  1. AElig;МÆ УÆДДÆР...
  2. AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  5. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

Ды дæ фыртыл узæлын æргомæй нæ уæндыс.

Нæ Ирмæ, дам, рагæй ахæм тызмæг æгъдау ис:

Кæд лæг дæ, уæд дæ зæрдæйæн ма цу йæ фæдыл

Æмæ бамбæхс дæ риуы, дæ цинау, дæ рис...

 

Ныр куы феныс: æрцыдтæн мæ фæстиат балцæй,

Уæд æмбæлыс мæныл, хион уазæгау, раст;

Уæд дæ ныхы æнцъылдтытыл фарнхæссæг уацæй

Сур хид фемæхсы, сусæг цæссыгау, æваст.

 

Æмæ ’рбадыс нæ хъæдын тæрхæгыл мæ цуры,

— Цæй, куыдтæ дæ, куыд цæуы дæ ахуыр æддæ?

Нæй дæ туджы æддиæутты аивтæй дзурын,

Дæ æргом дзырдмæ, ногæссад кардау, цæттæ.

 

Нæу дæ лæппуйæн хъауджы, хъуг кæй фæцæйхауд цады,

Зиуы сыхæгты лæгæн кæй басгуыхт йæ фырт.

Мах æмхуызон кæуыл тыхсæм, уый та мæ мад у,

Æмæ та нæ уый фæдыл асайы дзырд.

 

Уæд бæстонæй фæдзурыс, куыд мæм каст æнхъæлмæ,

Уæртæ фæсарынг къусчы куыд базæронд сæн.

Изæр фæндагæй зарæг куы ’рбайхъуысы хъæумæ,

Фесты уатæй, йæ хъæргæнæг рахоны мæн.

Мæй йæ фæсонтæ хафы нæ ныллæг къæсæрыл.

Пецы уæливых чъецийыл калы йæ маст.

Уæд гыцци та йæ къухтæ æруадзы мæ сæрыл,

Ды æдзынæгæй махмæ ыскæныс дæ каст.

 

Рæстæг — дугъон бæх. Ногæй хъæуы мæн ыздæхын.

Æз бæлццон дæн — дæрдтыл у мæ райгуырæн зæхх.

Уæд нæ кæныс æнкъард, уæд сæркъулæй фæзæгъыс:

— Цæй, куыд гæнæн уа, афтæ-иу тагъддæр ыздæх.

 

Æмæ ферттивы цæссыг, — зæрдæ, бастъæлай уастæн! —

Цыма махæн дыккаг хатт фембæлдæн нал ис гæнæн.

Æмæ курыс хатыр, мæн дæ уырзтыл кæй хастай,

Стæй лæгдзинад, лæварау, кæй радтай мæнæн.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 51 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ| ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)