Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Зæронд лæджы гаджидау

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | МÆСКУЫ | ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ |


Читайте также:
  1. ЗÆРОНД БÆХ
  2. ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ
  3. СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ
  4. ХОХАГ ЗÆРОНД УС

Æз хохаг дæн. У, маргъы ’хсырау, стæм

Фырдзырд лæг уым. Æгъдау ыскæ ’мæ баназ.

Фæлæ, Хуыцау, дæумæ кувæг ыстæм

Фыдæй фыртмæ, æмæ нын бакæн ахъаз.

 

Мæн уый фæнды: кæд царды фос у лæг,

Кæд сыджытæй ыстоны, билцъау, рухсмæ.

Уæд-иу ын, Хуыцау, мауал кæн хæлæг, —

Рæстаг цард дæр. Æфтау ын хор йæ мусмæ...

 

У не ’намонд нæхи аххос: лæуу рæвдз,

У денджыз — цард, зон де ’нгуырæн йæ рæстæг.

Фæлæ уæд дæр лæгæй фидауы æрдз

Æмæ йын, Хуыцау, бахай кæн дæ хæрзтæй.

 

Мæнг кады хъæр, егъау барты бынат

Йæ тарфыны дæр раууатмæ кæй тæрынц,

Уый басдæрдзæн къæйдур хохы хъуына,

Фæлæ йæ ма ’взар хицауæй, уæлдæрæй!

 

Кæмæн судзы йæ тугдадзинты арт,

Ыстонг бирæгъау, зыд æмæ кæрæфæй,

О, стыр Хуыцау, гъе, уый дæр у дæ бар,

Æмæ йæ бафсад хус дзулæн йæ тæфæй!

 

Лæгæн йæ хъæнтæй къаддæр у йæ зонд,

Цыбыркъух у æххæст хорзæй дæр царды,

Фæлæ ды ма скæ — уый дæр у дæ бон, —

Æмсæр лæгтæ рæстуд æмæ мæнгардæй.

 

Пырх лыстæнау нын иумæйаг у зæхх:

Æппæт адæмтæ уæнт æмдзæрин Ирæн!

Цы лæг æмбæхса сау дзул æмæ цæхх,

Фæхæрын сæ кæн уымæн, Хуыцау, бирæ!

***

Мæн сындæггай цæуын фæнды, сабыр, нæ зæххыл.

Сусæгтасау, къæрцхъус, фæлæ барджын, уæндонæй.

Райсом боны рухс цъирын, æхсырау, йæ цъæхыл,

Хъусын æхсæвы аргъаумæ тары дæлдонæй.

 

Мæн сындæггай цæуын фæнды зæххыл — æмбарон:

Хуырыл бурбын сæтæлæг кæдæм лæсы цадæг,

Цъингуыр ризгæ цæмæ бæллыд ихы бын фарон.

Йе цæуыл уыдзæн арты æвзæгтæн сæ кадæг?

 

Мæн сындæггай цæуын фæнды зæххыл — куырм лæгау,

Искæй амондыл ма скъуырон искуы мæ къæхтæ.

Сыфтæр сыфтæрæн уарзон ныхæстæ куы кæна,

Уæд сæ базыртæй ма ’ркалон цины æртæхтæ.

 

Мæн сындæггай цæуын фæнды а зæххыл — райсон

Цардæй иунæг хорз, ма бафтон ахæм фыдæхыл:

Лæг æппæт дуне уарзынмæ хъавыди райсом,

Стæй хæрам сырдæй изæры бафынæй зæххыл.

ДИАЛОГ

— Гъæй, гъæй, лæппу!.. Ныххус та дæ, рæхсæнау...

Æви æрцахста хивæнд бæхы сахсæн?

— Ау, карды ком цæхæры сæрст куынæ уа,

Уæд кæрддзæммæ уый чи уадзы æввахс дæр?

 

— Цы ныхъхъус дæ? Цы та кæныс дзæгъæлтæ?

Дæ цæстæнгас къæвдабонæй хызтдæр у...

— Лæджы зæрдæ куы нæ кала цæхæртæ,

Уæд дзурынæй æнæдзурын хуыздæр у.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 66 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БÆХЫЛ| ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)