Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | МÆСКУЫ | ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ |


Читайте также:
  1. ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ
  2. ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ
  3. ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ
  4. ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ

Лæгъз фæндаг мын ыснывæзта хъысмæт, —

Уый базыдтон, уæд ауади мæ цæстыл:

Лæгдзинад, уарзтæй сомбонмæ фыстæг

Ныффысдзынæн мæ цардвæндагæй зæххыл.

 

— Рæсугъд у цард! Фæззыгон мус — дæ раз, —

Дзырдта мын хох æхсæрдзæнты уæгъд хъуырæй.

— Рæсугъд у цард! Æрмæст цæрын фæраз! —

Дзырдта мын хъæд йæ бæлæсты хъуыр-хъуырæй.

 

Нæ бамбæрстон æз бæлæсты фæдзæхст,

Ныххиутæ дæн мæ хъуыдыйы, мæ куысты.

«Куыд салдварс у, куыд бырынцъаг у зæхх», —

Мæ сонт зæрдæйыл их-зæйтæ цыдысты.

 

Зынвадаты бæрзонд хурмæ куывтон:

Дæ диссаджы зæрин тынтæй ма рауадз, —

Кæд уыдоныл фæхæст уаин, мæ бон

Кæд бауаид ыскъахын зæххыл ауæдз.

 

— Нæ, а зæххыл лæгъстæтæй цæрæн нæй, —

Кæд саг лæг дæ, уæд мауал кæс æххуысмæ.

Нæ фенкъуысдзæн дæ хъæрмæ комы зæй,

Нæ хæсдзæн маргъ æвдадзы хос дæ рыстмæ.

 

Кæд саг лæг дæ, — фæкæлыныл дæр хъæц.

— Рæсугъд у цард! — дзырдта мын хох æмбойны.

Уæд бамбæрстон: æппæтæн ис фæрæз,

Мысты фæдæй дæр ис ысуадзæн дойны.

***

Куы та бамбарай ног, фæллад сидзæры хайæн

Хъысмæты къух чъызгæ йæ афтид арм хæссы;

Дæ хорз æмгæрттимæ фæндагыл нал дæ тайæн, —

Дæ уындæй сæ кæныс æнæбары тыхсын.

 

Сæ дзаг фынджы кæрон дæ уарзоны цæстытæй

Тæригъæдгæнæг зынг куы амона дæумæ,

Дæ бинонты хуыздæр куы нал тыхса дæ рыстыл, —

Куы нал дæм сида уый уæ артдзæстмæ — хъæмæ.

 

Уæд уазал къуымты ’хсæн дæ къæмисæнты цавдмæ,

Фæстиат зондыл хæст, æрхатдзынæ æваст,

Кæй хъазыд цард дæуæй æмæ кæй истой адæм

Хуымæтæг рог сæнттæм æнæхин уды уарзт.

 

Лæгæрстай хуыдымты — æнæдонæй ыздæхтæ...

Дæ разы де сконд зæд ныххуыссыди цæхгæр...

Ныфсы рухсæн ма дард дæ армæй барст къæдзæхты

Ныгъуылы мигъфæлмы дæ райгуырæн къæсæр.

 

Куы базонын иугæр мæ митæн сæ зылын, —

Фæхудын мæхиуыл.

 

Мæ сæрхъæн ныхæстыл фæради æдылы, —

Фæхудын мæхиуыл.

 

Куы кæсынц мæ фæндтæ мæ цæстæй æнкъардæй,

Фæхудын мæхиуыл.

 

Куы базонын м’адджын æмгары мæнгардæй, —

Фæкæуын мæхиуыл.

 

Фæндæгтæ, хъæбæрнад фæндæгтæ.

Сæ уæлæ

 

Лæджы царды бонтæ,

Бæндæнау, быд тæгтæй

 

Лæдæрсынц, лæдæрсынц, лæдæрсынц.

Сæ иутыл æмгæрттæ, — æрдхæрдтæ,

Уæд иннæтыл — маргдзых ызнæгтæ

Лæгæрдынц.

 

Сæ иутæ сæ фæндтæ

Сæ армы æргомæй фæхæссынц,

Уæд иннæтæ — буц дзырдты хъузджы

Фыдвæндтæ æмбæхсынц.

 

Чи рогвадæй уайы

Сæрзилæн бæрзæндтæм,

Кæмæн та бынæй дæр

Нызды сты йæ зæнгтæ.

 

Къуындæгтæ, уæрæхтæ —

Кæдæм цæуыс, чи дæ? — нæ фæрсыни.

Фыдæх æмæ цины цæссыгтæй

Хъæбæрнад фæндæгтæ

Лæдæрсынц, лæдæрсынц, лæдæрсынц...

 

Лæг кæм дæн, уым тæхудытæ нæ уарзын,

Ироныл та нæ фидауы уæлдайдæр.

Нæ дæн æз хуры хъысмæтыл дæр разы,

Нæ мæ хъæуы æнусон хæхты хай дæр.

 

Цы давы мæй, сыхырнайы бын чидæр

Æрцауыгъта æмæ йæ сæрды царвæй.

Æз адæймаг дæн, стъалытæн сæхи дæр

Бынмæ фæнды — хæлæг мæм кæнынц арвæй.

 

Уæдæ ма ц’ ис бæллиццагдæр мæ цардæй,

Цы фæлæууын къæмдзæстыгæй ыстæм хатт?

Цæмæн кæсы мæ зæрдæ арвмæ дардæй,

Цæмæн æй фæнды — стъалытæм ыстæха!

 

Цæмæн фæзæгъын: гъæтт, лæппу, тæхуды,

Æрбалвас де ’фсургъ, бацагай йæ къахæй.

Нæ уаз хæхтыл цы намысы зынг судзы,

Уый сцырын кæн дæ сонт туджы æртахæй!

 

Дон куы аивылы иннæрдæм,

Уæд аззайынц донвæды сурыл йæ кæсæгтæ.

Лæг дæ, уæд у фидæрттæй,

Дæхицæн дæр ма ракæн макуы дæ хъæстæгтæ.

 

Æфсургъмæ бæллыдтæ дæ удæй, —

Дæ къухты нæ бафтыд.

Ныр барджыты цауддæр ныххуды —

Дæ цæстмæ йыл кафы.

 

Чызгайы уæздан пъатæ... Былтæ...

Æндæрмæ сæ дары.

Кæд зин фестад?.. Нуазæны бынæй

Мæстæй дæ фæмары?

 

Уадз худæнт мыл чидæртæ, —

Йæ уарзт дæм, лæппуйау, нæ бантыст, нæ фæрæстмæ.

Дон куы аивылы иннæрдæм,

Уæд арфдæр ныссадзынц сæ уидæгтæ бæлæстæ.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 63 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС| УАЙДЗÆФ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.011 сек.)