Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ

АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС | ФÆЗЗÆГ | ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ | НЫВГÆНÆДЖЫ ТÆРГАЙ | ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ | СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН | ХУДÆДЖЫ СОНЕТ | ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН | ХОХАГ ЗÆРОНД УС | ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС |


Читайте также:
  1. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  2. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  3. ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ
  4. КÆМÆНДÆР
  5. КÆМÆНДÆРТЫ
  6. КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ
  7. КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ

Хæххон таурæгъ

Раджы хохаг иу цъæх хæрæг дардта,

Иумæ уыд сæ куыст, æмæ-иу сæрд —

Суг уа, хосæй — алцыдæр ыссардтой,

Иу бинонтау-иу уыди сæ фæнд.

 

Лæг ныззыддта арвæмбæрц хæдзæрттæ.

Фосæй, хорæй — дзаг, йæ фезмæлд — цырд.

Рацæй-рабон, хæрæгыл йæ зæрдæ

Сивта... Скарз и, нал æм уыд ысдзырд.

 

Балымæн ис, раздæр æй йæ сæрмæ

Чи нæ хаста, уыдонимæ лæг,

Æмæ сæ кæм нал кодта æфсæрмы:

Се ’мсæр у, куыд ма дара хæрæг.

 

Иубон айста хайуаны йæ разæй,

Хохы сæрмæ тагъд-тагъдæй фæраст.

Хæрæг бафтыд ехсы цæфтæй тасы:

Сæрсæфæн æм комхæлиуæй каст.

 

Æрдз йæхи цъыхыры-зынгæй тавта —

Ча нæ кæны хур бонмæ хæлæг...

Хæрæг къæхтæ былгæрон ныццавта,

Рындзæй йæ тыххæй ысхойы лæг.

 

Иуафоны феуæгъд и йæ сæфтæг,

Хицауæн йæ ног ысхуыст фæмæнг,

Æмæ фод дæ ралгъитæг дæр афтæ:

Комрæбын кæмдæр ныххæррæгъ лæг.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 52 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ| УАСÆГ ÆМÆ КАРК

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)