Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Кæмæндæрты

ДЗЫРДЫ ФАРН | ФÆСМОН | ФЫДЫ КЪÆС | ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ | МÆН ЧИ НÆ ЗОНЫ, УЫЦЫ ХÆЛАРÆН | ЗОНДАМОНÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР ГОРÆТГÆРОН | МЕ ’РТÆ МАГУСА ХÆЛАРЫ | ЦÆЛЫ ФЫНГЫЛ | МÆ НЫСАНЫ БÆРЗОНД СТЪАЛЫ |


I

Нæ барын æз мæхи дæуыл,

Дæу фонт хуынды фынгтæ!

Нæртон бæгæныйы сæрыл

Ды тутт, æгъуыз фынк дæ...

 

Æвæлмон зарæджы фæрцы

Кæмдæрты барджын дæ!

Мæнмæ та худæгау кæсынц

Дæ буц дзымандытæ!..

 

Дæ куырой — ног, зыррытт кæны

Нæ дуджы сойагæй!

Циу дуг! — Ныйивис æй, бæгуы,

Фæлывд сылгоймагау!

II

Зынгдарынæн

Дæ бутъро сугтæ мауал дар,

Йæ дзаг æфсир

Нызгъæлы, мæ бон, хуымæн дæр.

Æмæ дæ артыл

Бафу кæн, фæрныг!

Поэзийы

Дæ тутт хъуыдыйæ парахат

Куы тауай, уæд

Ныххуысдзæни йæ зынг,

Цы лæг сæм тава

Йе ’ндæвд къухтæ,

Уымæн дæр!..

ХÆЛАРМÆ

Гуыцмæзты Алешæн

Æрбад, хæлар... Ныр та кæнæм мах заргæ...

Мысинæгтæ сæдæ царды фаг сты.

Фæсмон ныл рацыд митцæссыгæй уаргæ,

Фæлæ цы амонд баивæм рæстыл?..

 

Ды иунæг дæ, цы уд мын у æвгъау,

Уырзтыл нымад — мæ иударон ныхæстæ,

Фæлæ сæ иумæ макуы æрхæсс фау:

Æз уарзтон дæу æмгарзыд нæ — мæ рыстæй.

 

Тæры нæ, рог фæдисонау, нæ кар

Æвæндонмæ. Нæ феккуырст билцъ нæ хуымы.

Нæхи, фæрныгау, бахизæм, хæлар,

Æгад, æнамондæй — цы цæрæм, уымæй.

 

Нæ мæ хæссы дæ хибар уатæй къах,

Фæлæ Хуыцау ысразы уæд нæ куывдыл:

Цы нæ ауæрдæм саг лæджимæ мах

Цæхх æмæ дзулыл — сары уа, æвыды.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ| КЪУЫРМА КОМПОЗИТОР

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)