Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МÆН ЧИ НÆ ЗОНЫ, УЫЦЫ ХÆЛАРÆН

ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ | РАЗДÆХ | СЕ ЗНАГЫЛ МÆ ЧИ НЫМАЙЫ, УЫДОНÆН | УАЛДЗÆГ | ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС | ХÆРЗИУÆГ | ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ | ДЗЫРДЫ ФАРН | ФÆСМОН | ФЫДЫ КЪÆС |


Читайте также:
  1. AElig;НÆЗОНГÆЙÆН
  2. II. Требования охраны труда при эксплуатации рабочей зоны, вспомогательного оборудования и инструмента
  3. II. Требования охраны труда при эксплуатации рабочей зоны, вспомогательного оборудования и инструмента.
  4. ЗОНДАМОНÆН
  5. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  6. ИРЫСТОНÆН
  7. ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ

Нæ зонын дæу. Лæджы цæстытау, мах

Уæвæн ис, макуы ма фенæм кæрæдзи.

Тæрсын: уыди нын иумæйаг гæнах,

Нæ базындæн амал цы ран нæ фæци.

 

Тылдысты дуртæ сау хохы сæрæй, —

Йæ риу сæм дардта иунæгæнхъæл алчи.

Йæ рис-иу систа, зарæгау, хъæрæй, —

Фыдæнхъæлы бар рухсвæндиаг баци.

 

Нæ зонын дæу, фæлæ-иу æй ды зон,

Æз дæр дæуау, — æнæрвæссон нæ зыныл, —

Лæджы бафхæрын никуы уыд мæ бон,

Цыма нæ хъæцыд ме знаг дæр мæ фыныл.

 

Мæнг дзырд, хæрамæн лæг нæ радты ком,

Куыройы нукау сты æргом мæ сæнттæ,

Æмæ та мæм кæсы ызнæты ном, —

Йæ рафт-бафтæй та нал æнцайы зæрдæ.

 

У не ’намонд нæ фыдгулты æнцой:

Йæ хуыз — тызмæг, гæды митæй фæлмæн у.

Хæсдзæни дæм мæ ницæйаджы кой

Хæрзæггурæггаг, хионау, лымæнау.

 

Фæлæ йыл макуы ма баууæнд, мæ бон!..

Рæхджы дæ къæсмæ кæд нæ уа мæн зынæг,

 

Уæлæуыл-иу нæ бауа кæд дæ бон

Цæлхъзард сисын,

Уæд æз мæрдты —

Дæ хъырнæг.

МÆ КÆСТÆРМÆ

Дымгæ уынджы цæгъды йæ гæндзæхтæ,

Урс къуыбылæйттæ уафы.

Ног та хъавын фыссын æмдзæвгæтæ,

Фæлæ зæрдæ у афтид.

 

Ехх, цы дунейы диссæгтæм хъавыдтæн, —

Хур æмдзæрин уыд мемæ...

Амонд ме знæт, хæтаг сылау, базыдта,

Хъулау баззади хъенæй!..

 

Уый мæхицæн, мыййаг, нæ агуырдтон,

Уæд нæ уыдаид адæн,

Мæн фæндыди, мæ амондæй райгонд уой

Иры тохвæллад адæм.

 

Ир та уыд! Уый мæ цæстæй куы уыдтаис,

О, мæ хивæнд кæстæр, —

Уæд дзæгъæлы дзыманды нæ хъуыдаид, —

Хæсс бæрзæндты дæ сæр!

 

Тохы чи вæййы разагъды сагдæртæй, —

Уд, æргъуыйау, — фæлмæн,

Уый нæ фæцæуы а зæххыл барвæндæй,

У йæ рæдау йæ хъæн.

 

Удæй-удмæ цы нæ хъуыды равзæры

Хорз, æвзæрæй, —

Нæ дыл кæнын дис, —

Мæн фæнды, цæмæй иунæг хатт бавзарай

Иры саг лæггы рис.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 53 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ| ЗОНДАМОНÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)