Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фысджыты хæдзары æхсæвгæс

ЦАРДЫ ЦИН | ГОРÆТЫ НЫВ | СОЛЬВЕЙГ | СЫЛГОЙМАДЖЫ АМОНД | СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆНДОН | ЗАРÆГ | ФЫДÆНХЪÆЛ | ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ | РАЗДÆХ | СЕ ЗНАГЫЛ МÆ ЧИ НЫМАЙЫ, УЫДОНÆН |


Читайте также:
  1. КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ
  2. ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ СÆРДАРЫ ДЗУАПП
  3. ХÆДЗАРЫ ФАРН
  4. ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ

(«Чи дæ»-йы мотивыл)

Тъыфыл мит мыл уарыд, —

Уынгæджы мæ сæр! —

Фæлæ дын куы ссарин

Фысымты хуыздæр!

 

— Уый цавæр дæ, стæ-ма!..

Æрбацу-иу сом! —

Хæрæмигъ хуыснæгыл

Нæ фæдары ком!..

 

— Дæ уазæг дæн... — загътон,

Мæгуыр уа мæ бон!..

Мæ фæдджитæй тагъди

Мæ хидхæццæ дон.

 

Йæ къæсмæ, æвæдза,

Куынæ цыдтæн æз, —

Лæууыди йæ хæдзар,

Мæсыгау, хъуынтъыз!..

 

Æхсæвгæс уыд дарддзæст,

Сæрæн лæгтæй уыд:

Йæ ахстон — йæ артдзæст,

Хуыйы хъисæй быд!

 

Æппæтæй дæр — арæзт,

Сыхæгтæм нымад.

Мæрддзыгой-иу араст, —

Уый кад у, лæггад!..

 

Æввахс мæ кæм уагъта,

Йæ ныхас — фæдис.

Æвæццæгæн загъта:

Æфсæрм лæг кæм ис!..

 

Мæ алыварс зилы:

Цы уыдзæн мæ аргъ?..

— Мæ галы къæдзилау,

Дæ дзыкку ныддаргъ!..

 

Цы хъæуы, уый зонын,

Нæ лæууин æнцад,

Фæлæ мæ цы бон и, —

Кæм мын ис бынат?!.

 

Мæ ныхас, мæ уагмæ

Йæ цæсты фиу тад,

Уæддæр мын фæстагмæ

Уый радта бынат.

 

Мæ гæххæтт мын айста,

Ыссардтон мæ уат.

Мæ тыхстæй, мæ мастæй

Йæ сау зæрдæ тад.

 

Æнувыд фæллойыл, —

Нæ зыдта хуыссæг.

Дзырдта-иу: — Фæллайын

Кæм зоны фыссæг!..

 

Æнæмæт — йæ зæрдæ,

Æвæлмон — йæ цард:

Йæ алы дзырдæн дæр

Æмпъухы æхца!..

 

Цы хæрам мæм хаста, —

Нæ зонын ныр дæр...

Йæ цæст мын нæ уарзта

Йæ уæтты хуыздæр.

 

Æрмæст-иу нымадта:

— Цыдтæн æз фыййау

Дæ кары... Хъæрмуатта

Кæм уыдтæн дæуау!..

 

Цæвæджы йæ зылдæй

Фæзоны кæрдæг, —

Мæ алы фæзындмæ

Лæууыди цæрдæг!..

 

Мæ рудзгуытæм дардæй

Бинокылтæй каст, —

Кæд ме ’вдæлон цардæй

Уый ракæнид хъаст.

 

Фæсыгъд-иу мæ разы

Раст бонмæ цырагъ,

Æмæ уæд ысразы:

— Дæ куыст у зынаргъ!..

 

Кæйдæртау дзæгъæлы

Нæ хæрыс къæбæр,

Фæлæ дыл æмбæлы

Нылвынын дæ сæр!..

 

Æз уайдзæфæн нал дæн,

Æрмæст ма фæрсын:

— Æлвыдкъæдзил гал дæм

Рæсугъддæр кæсы?..

 

Аив æм кæм кæсы

Мæ хъазæн ныхас, —

Мæ фысым æнæсым

Мæ рæзты фæраст!..

ЗÆРОНД КУБАЧИАГ ÆРМДÆСНЫЙЫ ÆМДЗÆВГÆТÆ

Фæсхохмæ та ныттылди хур, цæгау...

Цы диссаг у, — æвæндонæй ныххуыссы!

Йæ тынтæ ма, хуыдуггæнæг лæгау,

Сæ къухтæ тилынц арвырдæм æххуысмæ.

 

Ныртхутæг бон. Сылæг мигъы къуымбил,

Кæфхъуындарау, фæбыры тигътыл коммæ.

Уый циу, Хуыцау, — ысурс мæ сæры хил

Æви мæ хъуыды нал кæсы мæ коммæ?..

 

Мæ цард фæуы. Зæры бон мæм кæсы,

Цыма мын ихдон аскъæрдтой мæ артыл:

Лыстæг æмæ аив куысты дæсны, —

Æз мурдæр ницы бамбæрстон нæ цардæн...

 

Циу амонд та?.. Нæ арвы къусы цъиу

Фæхицæн кодта бындзы гуыр йæ сæрæй,

Фæтахт бæрзонд æмæ йæ нæргæ цин

Нызгъæлæн и йæ базырты пæр-пæрæй...

 

Уый амонд у?.. Кæд уый бынтондæр нæй

Кæнæ лæджы, фыдæбонау, нæ хъæуы?..

Мæ куыст — мæ цин, нывæзтон æй фæрнæй,

Фæлæ кæд уыдтæн амондджын нæ хъæуы?..

 

Сæнт урс суадон мæ къæхты бын тæлфы, —

Тæвдæй йæ уымæн афæрсудзы саг дæр!

Æвæццæгæн, нæ цард æцæг фын у,

Лæджы фынтæй хуыздæр æмæ тæссагдæр!..

ХЪАМА

Дæу бахсыстон арты,

Дæ фæрстæ æндонвидар систы, —

Мæгуыр лæг йæ бартыл

Ысдзурынхъом бауа, йæ ристыл!

 

Ивылд донау, уаз цин

Фæйлауа нæ къонаты хъуамæ!

Лæджы удмæ мачи

Йæ сонт къухæй ма иса хъама!

 

Сæрибар уа намыс, —

Цырагъау, æрттива нæ кæмтты!..

Цæмæй зыдтон, саугуыст

Кæй мысы мæ зонгæ йæ сæнтты...

 

Уый худти йæ мидбыл:

«Аив ын фæлындзыс йæ кæрддзæм, —

Сæрсæфæны хидыл

Дæ хæлары бæрзæй ныссæрфдзæн!..»

 

Æз бахсыстон арты

Мæ хъама, — сæрдасæнау дасы!

Фæлæ йæ мæ царды

Нæ бабастон никуы мæ фарсыл.

 

Æнхъæлмæ-иу кастæн,

Кæд рафтдзæн нæ зæххыл хæстон цард?!

Фæлæ мын мæ фарстæн

Нæ лæвæрдта ничи хæд-зонд дзуапп...

 

Уафы хæлуарæг тын,

Цъиры мыдыбындз мыд,

Сæгуыт сахуыр хæтын,

Хур нæ уадзы йæ цыд...

САРГЪ

Арвыл мæй — дысион —

Бастъæлди зæфцæй.

Бæх тæхы фæдисы,

Цыма раскъуыд зæй.

 

Уад ыздухы миттæ,

Уайы æфсургъ тагъд, —

Фæндагыл уа, хидыл

Нал хæцы йæ къах.

 

Æтт ирон, дæ хъама

Кæрддзæмы тæлфы:

Чи ацыди, гъа-ма,

А бæсты тæфтыл!?.

 

Уад ыздухы миттæ,

Комы дзых — лæгæт...

У мæрдты дæр фиддæн

Худинаг лæгæн!

 

Саргъ у кубачийаг,

Сау æфсургъ — кæсгон...

Гъа-да-гъа, хæддзу знаг,

Ма кæнай фæсмон!..

 

Уафы хæлуарæг тын,

Цъиры мыдыбындз мыд,

Сæгуыт сахуыр хæтын,

Хур нæ уадзы йæ цыд.

РОН

Цæссыгау, уыд рæсуг уæлдæф сыгъдæг,

Ныззæбул и тæгæр бæлæстыл сыфтæр.

Мæ талынг къæс — æдзæм æмæ быгъдæг, —

Зæрдæйау, ризы рафт-бафтæй мæ сынтæг.

 

Нызмæлыд ком. Хъæуи-хъæу хабар зылд:

Чындзы цыдтæ фæрныг лæджы хæдзармæ!

Тыхагур у, бæсты бикъау, дæ фыд, —

Сæмпæрчъийы та чи уадзы йæ цардмæ!..

 

Æмæ та ног, цæрдæг æмæ уæндон,

Мыдыбындзытау, мадзура æнгуылдзтæ

Ысхал кодтой сызгъæринвæлыст рон —

Мæ уаз бæллиц та асхуыстæуыд рындзæй!..

 

Сыгъдысты дзы мæ цинтæ æмæ хъыг.

Фæрдыгау ыл мæ цæсты сыг ныйих и...

Йæ мидбыл худти йе ’лхæнæг, фæрныг, —

Тымбыл къухæй-иу аздыхта йæ рихи...

 

Куыдзау — æнувыд, архайдта мæ сарт,

Цыма хъысмæт мæ уды рисæй хъазыд.

Зæрдæйы тæгтæй сфæлдисгæ лæвар

Уый барджынæй æрæвæрдта дæ разы...

 

Нæ, уый нæ уыд... Мæ зæрдæйы фæндон

Фыдбылызæй нæ бахызта мæ хъама...

Йæ астæуыл йæ къух æмæ мæ рон

Æртыхстысты, æрвæрдын æмæ калмау!..

 

Уафы хæлуарæг тын,

Цъиры мыдыбындз мыд,

Сæгуыт сахуыр хæтын,

Хур нæ уадзы йæ цыд.

ХУЫЦАУ

Цы номыл ма дæм бакувон, Хуыцау!?.

Мæ мид-зæрды куыд æнхъæл уыдтæн, афтæ

Дæ фæткы нæй рæстылдзурæг æгъдау, —

Дæ кувæндон лæджы æууæнкæй сафтид!

 

Ды дæр тыхы æвварс лæууæг ысдæ:

Цагъайраг дæ козбау дзырдтæй куы сдауы,

Уæд ын лæгау æрытауыс лыстæн,

Дæ зиуы та рæстаг лæгæн куыстæуы.

 

Фæкæныс ды дæ хин цагъарыл æлгъ,

Уæддæр дын у йæ рог ныхас æнцойдæр:

Йæ хъустæ — хъил, ысмудæн бырынкъ — цыргъ,

Æрбаскъæры дæм, дугъон бæхтау, койтæ!..

 

Цы кæнон æз?.. Фæхæссæд мæ дæ рын,

Куы суон дæуæн æхсины лæг, дæ саг лæг!..

Æвæццæгæн, нæ цард æцæг у фын,

Лæджы фынтæй хуыздæр æмæ тæссагдæр...

 

Фæлæ мын радтай удыхосæн ды,

Дзæм-дзæмы донау, сфæлдыстады уаз цин.

Уый у мæ цард, мæ рухс катай, мæ дин,

Æмæ йын, рухсау, мацы хъом уæд мачи!

 

Нæ сыджыт у, мæ зæрдæйау, фæлмæн.

Мæ удæн — фаг, нæ мæ хъæуы дæ дзæнæт!

Æз ацы къæсы райгуырдтæн æмæ

Æрцæуæд ам мæ мæлæт!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 56 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
УАЛДЗÆГ| ХÆРЗИУÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.021 сек.)