Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Сольвейг

КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ | ИЗÆР | ИУНÆГ КУЫДЗ | ЗÆРОНД БÆХ | ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ | СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ | БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН | ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ | ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ | ЦАРДЫ ЦИН |


А. Ахматовайæн

Сæдæ азы мæм иу горæты

æнхъæлмæ кæсы иу сылгоймаг.

Назим Хикмет

Хæхты уадтымыгъ миттæ хæссы.

Хъæу — æгуыппæг, зæрдæйау... Зонын, —

Уый дæ цæстыты арвæй кæсы

Мæй æнкъардæй, Сольвейг.

 

Уæлдæф, доны кæсагау, — лæгъз,

Тавы йе ’рмттæ, мæнау, дæ рустыл.

У дæ сонт хъуыды царды фæрæз, —

Сомбон рухсæй уа хъуамæ рухсдæр!

 

Бæрзы цонгыл та ног цъар — дзыгъуыр,

Цъиры зæххæй йæхицæн сойаг...

Амонд?.. Раджы куы сахуыр дæ ды

Уый фæстаг уысмыл, Сольвейг.

 

Хæхты зымæг рæсугъд у, фæлмæн, —

Уæд цы уалдзæг ныккæндзæн уагæр!

Удсæрибар ды радтай мæнæн,

Æз — æвæрæзы уавæр...

 

Уый нæ уарзт у æгæрон æмæ

У нæ цин та æрмæстдæр сомваг...

Нал ыздæхын нæ къæсмæ, хъæмæ,

Фæлæ ма рох кæ мæн, Сольвейг!..

***

Фæдфæливгæ тындзы мæ цардæй рæстæг.

Изæрмилтау, æрфæлмæн риуы маст.

Æввæрсын ныр мæ радыл... Фæлæ зæрдæ,

Фæстаг нæмыгау, бавæрдта дæ уарзт.

 

Æз иунæг дæн, мæ хъуыдыйау. Нæ мысын

Нæ дæу, нæ ивгъуыд. Дуне у æмыр.

Ныссабыр афтæ, æмæ царæй хъуысы

Хæлуарæджы мæстæг тынты зыр-зыр.

 

Æрæгвæззæджы митхъæлæс æврæгътæ

Æрныуæрстой сæ уазал æрмтты хъæу.

Æз нал хатын, — лæг домы амонд уæгъды

Æви дæ удæн ферохгæнгæ нæу?..

 

Тæхæг мæргъты изæр кæнын фæндараст, —

Сæ сонт тъæллангæй нал арауынц хъæд.

Кæм вæййы лæг йæ цæугæ царды уа раст,

Фæлæ ма циу ныр ивгъуыд бонтыл мæт?..

 

Мæ ивгъуыд сонтмæ мæн мæ къах нæ хæссы,

Æниу нæ байсыст хиуарзон рæу-хъыг.

Сæ къух хæлæрттæ ауигъынц мæ къæсыл...

Хæрзæбон уæнт! Нæ мæ хауы цæссыг.

 

Уæдæ ма уæд цæмæй тæрсын, цы рынæй

Æмбæхсы уый мæ хъал зæрдæ мæнæй...

Мæлæтæн — раджы, байрæджы — цæрынæн,

Æмæ дæуæн та ферох кæнæн нæй.

***

Цымæ ныр та кæй аргъуаны зæд дæ?

Цы лæг дæм кувы зоныгуыл, фæсусæй?

Дæ сонт буарæн йæ сагъæссаг зæлтæм

Цы цæстытæ, цы æнгуылдзтæ фæхъусынц?

 

Кæй цинаг у мæ тæргай уды зын,

Зæрин æнгуырыл чи аззад, кæй нæлгæф?

Мæнмæ кæсы, цыма цъæх арвы бын

Ныры онг дæр дæуæй улæфы уæлдæф.

 

Æмæ æхсæв, куы ссæуы уд хъуырмæ,

Йæ рафт-бафтæй куы нал фенцайы зæрдæ,

Мæ базыл уæд фæагурын, куырмау,

Дæ дзыккуты сæлæф зæйтæ мæ тæвдæй.

***

Ног та федтон æз дæу.

Æмæ базмæлыд туг...

Ды — кæддæрау рæдау,

Ды — æртæхау рæсуг!

 

Уынджы, сатæг бæрзау,

Ды фæцæуыс хъæрæй.

Сонт чызгайы уæздан

Дæу нæ ферох сæрæй.

 

Æз дæ фæстæ кæсын,

Æмæ рох у мæнæй:

Уый дæ уындæй тæрсын

Æви царды зынæй?

 

Æз нæ зæххыл цæрын,

Цæмæй боны цъæхыл

Хъусон арвы нæрын:

Нæй дæ хуызæн зæххыл!

 

Уæдæ ног у дæ бар —

У мæ цардæн фысым,

О, мæ рагон хæлар,

О, мæ уды чысыл!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ГОРÆТЫ НЫВ| СЫЛГОЙМАДЖЫ АМОНД

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)