Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Сылгоймаджы амонд

ИЗÆР | ИУНÆГ КУЫДЗ | ЗÆРОНД БÆХ | ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ | СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ | БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН | ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ | ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ | ЦАРДЫ ЦИН | ГОРÆТЫ НЫВ |


Читайте также:
  1. AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ
  2. СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆНДОН
  3. СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ

Лæджы фæндтæн мæлæт кæны кæрон,

Фæлæ нæ уыди уымæй саст сылгоймаг.

Æвзонг уыдтæн, рæсугъд æви зæронд,

Уæддæр мæ ном уыд адæмæн сæ койаг.

 

Æз та нæ тыхстæн амондыл... Æз æй,

Лæппын цъиуау, мæ армы дзыхъхъы хастон.

Фæндыд-иу мæ — уадз, рахъомыл уа, стæй

Æндæр зæрдæйы саразæд йæ ахстон.

 

Мæ рæсугъдæн нæ фехъуыстон йæ хъæр,

Къуылымпыйау дзы никуы уыдтæн райгонд.

Кад, номыл уыд мæ тухитæн сæ сæр,

Поэты цин — мæ амонд.

 

Нæ фæивгъуыдта уыцы хорз мæнæй,

Фæлæ мæ сбаста, йе стыр монц та рафтыд:

Æцæг амонд æнæсæрибар нæй,

Æнæ адæм Хуыцау куыд нæ ис, афтæ...

***

Мæ къæсæй ацыдтæ... Ныр бамбардзынæ мæн, —

Мæ мид-зæрды кæндзынæ, мæ хур, тухæн.

Кæд у ныуарæй донгъæрис фæлмæн,

Уæддæр ын нæй, уæрдæхагау, ыздухæн.

 

Хæрзæбон у, мæ сонт хæлар!.. Мæ ном,

Зæдæмбалау, дæ рахиз фарс лæудзæни,

Æндæрыл-иу фæдар ды сау æргом,

Мæ удыл та ныхъхъуыргæ сыг кæлдзæни.

 

Къæвда митыл нызгъалы йæ цæссыг,

Уый сæрдыгон у æви марты?

Арвæй ракæсы мæй, къæмдзæстыг,

Раст æвзонг чызгау искæй уаты.

 

Тар, кæсаджы лæппынтау, ахсы,

Калы дзыпмæ бонæн йæ зынтæ...

Мæнæй ферох уыдзысты ахсæв

Мæ фæсмонтæ æмæ дæ былтæ.

 

Ды мæн уыдтæ, фæлæ дæ уарзтæй,

Æхсоны цæхæрау — дуры,

Уыд мæ уды сæрибар ахстау

Хъызт боны дæр æмæ хуры.

 

Цæсты раз та — дæ цæсгом, оххай,

У зæрдæхцондæр рухсæй...

Ды — кæйдæр, мæнæй баззадтæ рохы

Ахсæв... æнустæм.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СОЛЬВЕЙГ| СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆНДОН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)