Читайте также: |
|
Арв нæры. Хур нымбæхсти йæ фæстæ, —
Уый дæ табæт уæнгуагъдæй лæууы...
Ды мæ удæй фæхъуыдтæ æрмæстдæр —
Æз мæхиуыл кæуын.
Адæм — бирæ... Цæрæгойтæ... Бæстæ...
Цард — бæллиццаг... Бæргæ...
Фæлæ ды,
Ды
Мæ удæй фæхъуыдтæ æрмæстдæр, —
Уый кæй уырнын фæнды?
Нал и царды дæ кой уа, дæ хъæстæ, —
Уый дæм, гъе ныр, гъе,
Де знаг уæнды:
Ды мæ удæй фæхъуыдтæ æрмæстдæр, —
Уый кæй зонын фæнды?
УАЗАЛ ЦÆСТÆНГАС НÆ ЗÆХМÆ
— Фæрныг фæу, нæ зæхх,
Мах чи рауагъта цардмæ,
Æмæ ды дæр —
Сызгъæринвæлыст хур!
Уæдæ нæ сау къæбæр
Цæуылнæ хæрæм адæн,
Æви нæ хъарм туджы
Æвæрд ис дойнаг дур?!
Кæм нæй æргом ныхас —
Сыгъдæг зæрдæйы бардуаг,
Уым цард мæлæты раз
Хынджылæггаг ысси...
Сырхзынг, цъæх-цъæхид арв
Цы лæг нæ уарзы мадау,
Æмæ гъе уымæ дæр
Нæ карды ком ыссæм.
Æрхæццæ уæд, мæ бон,
Зæххы цотæн йæ заууат!..
Æгомыг сау къæй дæр
Æнæхъæлæба нæу,
Фæлæ кæй нæ фæнды,
Æгæрон дуне ма уа,
Уый цардæн нæ,
Мæлæтæн дæр —
Æвгъау!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 58 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
НАЛ МÆ УАРЗЫС | | | ХÆДЗАРЫ ФАРН |