|
Куыд æвæлмон дæ, оххай-гъе, мæ бон...
Æниу, мæ хур, цæмæн тонай дæ рустæ, —
Ныр де знагыл нытталынг ис йæ бон,
Дæуæн та дуне — рухсæй рухсдæр!..
Йæ табæтыл ысхæцыдтæ уæззау, —
Уый кад кæныс йæ саударæг хъæбултæн.
Кæсыс æм ды: рæсугъд цæсгом ныссау, —
Дæ цæстыты — мæйтæ ’мæ хуртæ.
Йæ хицæуттæн дæ фæзынд у æгъдау,
Фыруæзданæй ысхæцыс семæ пъатыл:
— Кæй æвдæлы... Фæлæ — зиан, уæд, ау!.. —
Куыд хъуамæ бада хицау-лæг йæ уаты?
Цæуыл худыс? — Ныр нал хъæудзæн тæрсын,
Дæу хондзысты сæ разагъды лæг иууыл;
Цæуыл кæуыс? — Мæнмæ та уæд кæсы:
Дæ фидæныл,
Æрмæст дæхиуыл!
***
Нæ мæ уарзыс, фæлæ æз уарзын дæу,
Фыдæбоны, æлгъыстаджы сылгоймаг!
Дæ рæсугъддзинад уа диссæгтæй нæу,
Фæлæ уæддæр æз фесхъиуын дæ коймæ.
Цырагъы рухсæй дардмæ лидзы сырд,
Мæн та хъæуы нæргæ артæн йæ цæхæр...
О Стыр Хуыцау, цы ма мæ домыс ды! —
Мæ цин уыд цард, мæрдтыбæстæ — мæ къæсæр.
Фæлæ... Æз уарзын дæу... Æмæ Зæххыл
Мæ удæгасæй иу лæг нал у райгонд,
Уæддæр-иу зон: сæурайсомы цъæхыл
Æвæгæсæгæй айсæфти дæ амонд!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 40 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ПОЭТÆН | | | ИРЫСТОНЫ ГИМН |