Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

РÆТТÆЙ ХЪАЗТ

МЫСТ ÆМÆ ХÆФС | AElig;РДХÆРДТÆН | ЧЫСЫЛ НЫВ | ГÆДЫЙЫ ЛÆППЫН | УАЛДЗÆГ | ХАЛОН ÆМÆ УЫГ ХЪÆУУАТЫ | СÆРДЫГОН ИЗÆР | МАДЫ ЗАРÆГ | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆН ГАУЫЗЫ НЫХАС |


Читайте также:
  1. ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ

Сабитæн

Нæууыл сабитæ хъазынц, —

У сæ гауыз фæлмæн.

Ис тымбыл хахх сæ разы,

Уым — кæйдæрты нæмæн.

 

Хахх у иутæн сæ ричъи,

Алкæй разы сæ — рон,

Уый дын аскъæфта исчи,

Уæд мæгуыр у дæ бон,

 

Уæд нæмдзысты дæу, сахыуырд, —

Хъул нæ абадти сах...

Кæд сæрæн дæ, уæд акъуыр

Уыцы скъæфæджы къах.

 

Чидæр басыгъд дæ хинæй,

Уыд йæ уæзбын — йæ сæфт, —

Хаххæй рахиз, нæхион,

Æмæ балæуу хæфт-хæфт!..

***

Дысон райхъал йæ мидвынæй гино

Æмæ ракодта бирæ хъæстытæ:

— Чи мын акалдта ихдон мæ циныл? —

Уыд мæ разы фыдбирæ мыстытæ...

 

Уæд цы фесты? Нæ сæ зыны иу дæр,

Æз ныр сабитæн нал кæнын аргъау,

Уадз, æркæсой сæ мыстыты митæм, —

Мæн ыскæной æмæхсæв сæ паддзах,

 

Æмæ ма кæной къуымты бæхдугътæ,

Уа нæ къæбицы цъупнадæй ыссад:

Уæд кæниккой æфсæрмы, мæ хуртæ,

У мæ дæндаг, æрцындзау, цыргъыссад.

 

Уæд ысдзырдта йæ хуыккомæй иу мыст:

— Мæнæдæн, фæлæ, гъа-ма, æрцахс мæ!

— Гъæтт, дзæгъæлдзу, дæу акъæмс кæн, а

Ды куыд уæндыс паддзахы ныхасмæ!

 

Æмæ цалынмæ уый дзырдта гино,

Иу сæррæтт æм фæкодта нæ Мила,

Æмæ ’рцыди цыфыддæр æмбисонд:

Гæды къанауы цъыфы ныхъхъила!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 54 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХЪАЗÆН НЫХАС| ЭПИТАФИ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)