Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Гæдыйы лæппын

ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ | ФÆСМОН | ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ | НОГ АЗЫ КУЫВД | МÆ АДÆМÆН | АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН | АРАППÆН | МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС | МЫСТ ÆМÆ ХÆФС | AElig;РДХÆРДТÆН |


Ракаст гæдыйы лæппын

Иу афон йæ цæстæй:

Цъиуызмæлæг нæй æппын

А зæххыл, æввæхсты.

 

Хур. Йæ разы февзæрд кæд

Сау мысты лæппын дæр, —

Цъæх нæуу нал кодта æгъгъæд

Уыдоны гæппытæн.

 

Фаста йын йæ царм уырзæй,

Фехста-иу æй портийау, —

Нæууыл-иу тымбыл бæрзæй

Агогора кодта.

 

Афтæ хъазыди, уæууæй,

Райсомæй сæудармæ.

Аргъ нæ уыди æмæ нæй

Ахæм царды фарнæн.

 

Фæлæ иу афон кæддæр

Гуыбын уый ысхордта,

Ау, гæды куы у лæг дæр, —

Уæд гæды цы кодта?..

 

Фездæхти ма йæм, бæргæ:

— Рауай-ма, мæ дзæбæх!..

Фæлæ лæппын мыст уæдмæ

Хуыккомы фæдæлдзæх....

***

Нывгæнæг Коцты Пъаулейæн

Дæ бонтæ хорз, Пъауле, мæ сагæлвæст къуыдайраг!

Кæс-ма, нæ урс хæхтыл гæзæмæ лидзы бон.

Ды та ныкъуылддзæстæй дæ тыгъд кæттаджы буармæ

Хæссыс нывæфтыдæй дæ зæрдæйы фæндон.

 

Дæ ахорæнтæ — ’взæрст, лæгъз фæйнæгыл — мæкъуылтау,

Хæссы сыл арæхстгай йæ дæрзæг æрмттæ сис:

Чысыл саби кæны тæвд пецы сæр цæкуытæ, —

Къаннæг тымбыл хуртæ æфтауынц ууыл дис.

ЕФИНЫ НЫХАС УÆЛИОН БÆСТЫ ЦÆРДЖЫТИМÆ

Æз дæн Ефин — Мæрдты Барастыр, уым

Кæм нæ хуыссы Ирыстоны поэттæй

Лæгтæ-лæгтæ... Уæ зæххыл кодтой хуым,

Æз та кæнын зæрдæхæццæ сæ фендæй.

 

Ныр мæнæ, гъе, æркодтон уæм сæ ног

Æфсымæрон уæгъд ингæнæй... Нæ зонын,

Кæй къух сæ баххæст аивады онг,

Цæмæй сымах ысразы уат йæ зондыл

 

Æмæ йæ æз ныууадзон ам цæргæйæ...

Æнусты сæ куыдзы хастау хæссын,

Фæлæ та сæ куы нæ айсат — тæрсын,

Уæ зæрдæ сыл куы нæ базона риссын:

 

Сæ иуыл — голлаг, иннæуыл та — хъисын.

***

Адæм кæй хуыдтой æррадон,

Гъеуыцы ысхъæлсæр хæдзары

Цард поэт-лæг Хадже, Гæстæнимæ —

Уый дæр фыссæг уыд.

Бонрухс-иу тагъди сæ уатмæ,

Уæддæр ма-иу хъуысти сæ зарæг, —

Чи тыхсы ’ххормагæй уыцы афонмæ

Хуыссæгыл?

Царды хъулæттыл, пахуымпартау,

Кодтой былысчъил.

Гомхъуыр, æнæдаст,

Уыдысты налат æмæ хивæнд,

Уарзтой сылгоймæгты.

Къахдзæф нæ уагътой кæрæдзи

Ирхæфсæн хъазты. Кодтой сыл

Чызджытæ ривæд.

Гъей-джиди, ’хцатæ! — уæд-иу сæ цæрынæн

Цы хъуыди...

Зæрдæ — парахат, рацыд мæгуыр бонтыл мин азы,

Афтæмæй цардысты. Уазæг сæм арæх нæ цыди,

Фæлæ фæзынд, уæд йæхи хардзæй

Кодта уым минас...

ХОХАГ

... Уый цардæй хъазыдис, æмæ

Йæ зæрдæ, ифтыгъд фатау, хаста.

Мæнгард йе чъизи ми нæ уарзта:

— Лæгау лæг дæ,

Уæд цу хъæмæ!

 

Фыдзымæджы йæ артдзæст — хъарм,

Уæдæ кæм нæ уыди фæцæрæн

Йæ къæсы, хистæр уа, кæстæрæн,

Кæуыл нæ æххæссыд йæ арм!..

 

Сыгъдæг уд тасаг у, мæгуыр, —

Фæлæ зынвадаты хæрз иунæг

Куы уа, уæддæр

Нæ кæны зивæг,

Йæ куыст æй, амондау, хъæуы.

 

Сæртæг картоф æмæ дзыккайæ

Дæ уазæгæн ыскæн æгъдау, —

Хæссынц дæм къухаууонæй фау,

Уа хион йе — цыдæр мыггагæй,

 

Уæд сын-иу бар æмæ сæ хъаз,

Сывæллæттау... Кæн сыл бибитæ,

Æвæтчиаг ысты дæ митæ,

Фæлæ сæ хъаз æмæ сæ уарз!..

НЫХАС МÆЛÆТИМÆ

Æз дæ уындмæ нæ бæллыдтæн,

Сау, гæбæркъух мæлæт,

Фæлæ мæнæ мæ фæлладæй

Ныр дæ бар дæн... Кæуæнт

 

Бирæ чидæртæ, уадз æмæ

Хъуыры айсыса маст...

Æз дæ къæсы дæн — барджынæй,

Цæй-ма, чи нæ у раст?!

 

Царды бирæ ис амæндтæ,

Абон-соммæ сæм кæс,

Фæлæ иу зынæг барвæндæй

Никуы ары дæ къæс.

 

Мæн нæ бауагътай, оххай-гъе,

Ирæн исты фæуын,

Æз йæ хъæбул дæн, — рохы мæ

Никуы баззайдзæн уый.

 

Цæй, цы фесты дæ кæлæнтæ,

Тагъддæр рахæсс-ма сæн!

Ау, дæу хуыдтой мæлæты лæг,

Уæд куыд тæрсыс мæнæй?

 

Лæг нæ уыдтæ. Сылгоймаг дæ,

Фæлæ, зон æй, мæлæт,

Ды дæ дзыккутæ тондзынæ,

Мæныл разы дæ, уæд.

КЪУЫДАЙРАГ МАДЫ НЫХАС ЙÆ ЦÆГАТАГ ХОИМÆ

Нæ артдзæст ныххорз и. Ныхъуыры йæ сау мигъ,

Мæ цæгатаг хотæ!..

Фæразæм зындоны... Хуыцаудæр ныл атигъ

Фыдазары бонты.

 

Мæ амонды зарæг нызгъæлди, фæныкау, —

Æрæнцой нæ зыдта...

Мæ иунæг хъæбулыл мæ сау-сауид дзыкку

Бындзыггай фæтыдтон...

 

Фыдызнаджы нæмыг, æхситгæнгæ, уары

Нæ иппæрд къæсæрыл...

Фыдвæды бæсты, дам, — æвæд! — уый нæ зарæг,

Нæй растæг нæ сæрыл...

 

Мæлæты нæ сайдæуы цæхх æмæ дзулæй,

Æлгъыстаг у, зинау...

Мыййаг, кæд дæуæн дæр дæ хъулон хъæбул у

Зыбыттаджы иунæг...

 

Кæдæм æй æрвыстай мæ къæсмæ æххуысмæ, —

Ныккæрзы мæ зæрдæ...

Йæ ных дæр фæлыг и, кæндзынæн, дæуыстæн,

Æлгъыстаг мæрдтæм дæр...

 

О, макуы байрайа йæ ницæйаг цотæй

Гуымыдза гуырдзиаг...

Æнæзонгæ хотæ, нæ райстбавæрд бонты

Мах фестæм кæуинаг...

***

Фыдыбæстæ, дæуыл уыди мæ цин,

Мæ зæрдæйы, фыры хъулау, æмбæхст дæ!

Хæдзар мын нæй. Хъысмæт та у æлгъин,

Æз хорз зонын: мæ цард у рог — рæстæгмæ,

 

Фæлæ, Хуыцау! Цы хорзыл кæнон мæт,

Мæ хæлары æз доны къусæй хастон,

Ныр уый дæр у бынаты бадæг — зæд,

Мæ фембæлд æм æдзух фæкæсы мастау.

АДÆММÆ

Ныууадзут-ма, адæм, уæ хъаугъа,

Уæ цыдæртæ! —

Мыстулæгау ивы йæ хуызтæ

Нæ цард.

 

Рæдауыл куы хастой сæ зæрдæ

Нæ фыдæлтæ,

Куыд исыс уæд, хорз лæг,

Дæ сыхагмæ кард?!

 

Нæ, разагъды лæгæн

Хуыцауæмсæр кад вæййы,

Фæлæ кæд нæй «иу лæджы зондæй дæр

Зонд!..»

 

Фынæй сывæллонау дæ

Уздзæни авдæны,

Пехуымпар уай, паддзах

Йе — хивæнд поэт.

Æз та уæд зæгъын:

Цæй-ма, ма-иу уæд ногыссад

Дæ хъама æфсымæры ныхмæ,

Мæ хур.

 

Уый — нæй, уæд нæ дуне ныккæлдзæни,

Рох къæсау:

Нæ арв æмæ зæххæй

Æфсæрмы кæнут!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЧЫСЫЛ НЫВ| УАЛДЗÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.017 сек.)