Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

УАЛДЗÆГ. Ныннæрсти мæ бæлас, —

ФÆСМОН | ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ | НОГ АЗЫ КУЫВД | МÆ АДÆМÆН | АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН | АРАППÆН | МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС | МЫСТ ÆМÆ ХÆФС | AElig;РДХÆРДТÆН | ЧЫСЫЛ НЫВ |


Читайте также:
  1. УАЛДЗÆГ

Ныннæрсти мæ бæлас, —

Йæ къалиуты урсдзых къæбилатæ,

Цымыдисæй арвмæ кæсгæйæ,

Æруагътой сæ гуыбынтæ.

Тагъд нырттивдзæни дидин

Нæ зæйцæуæн рæгътыл.

Æз бадын хæхбæсты

Нæ хибар, нæ рагон хæдзары.

Æрцыдтæн æрæджы —

Куыдз дæр ма ыздæхы йæ къæсмæ!

Мæ зæрдæ у хъæлдзæг,

Мæ хъуыды — æнкъард:

Кæддæу мысын, Гыцци?!

Ды-иу ацафон рауагътай кæртмæ

Дæ ноггуырд сæныччыты

Æмæ-иу дын кодтой хъылдымтæ,

Сæхи удтау, талас кæрдæгыл.

Лæгъзытæ-иу кодтай сæ хъуын

Рæвдаугæ æнгуылдзтæй,

Дæ хъæбултау.

Мæ бæх та-иу гъеуæд

Ныккодта фæдисон мыр-мыр,

Бæхгæрдæг ыстигъгæйæ, комы;

Йæ раззаг къæхтæй-иу,

Йæ сæр тилгæ,

Ысфæйлыдта зæхх —

Цæуын æй фæндыдис,

Йæ барæгмæ касти æнхъæлмæ.

Цæмæй йæ зыдта:

Нæ къæсæй у амондмæ — дардвæндаг,

«Фæцу æмæ ма ’рцу» — йæ ном.

Ныр мæнæ мæ рох къæсы

Хæлуарæджы сау тын,

Нæ къонайы рæхысау,

Зæхмæ æривæзы

Æмæ рæу уддзæфмæ

Батилы цадæг йæ къæдзил.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ГÆДЫЙЫ ЛÆППЫН| ХАЛОН ÆМÆ УЫГ ХЪÆУУАТЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)