Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МЫСТ ÆМÆ ХÆФС

AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ | AElig;ВРОНГ ХЪУЫДЫ | ИВГЪУЫД | ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ | ФÆСМОН | ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ | НОГ АЗЫ КУЫВД | МÆ АДÆМÆН | АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН | АРАППÆН |


Читайте также:
  1. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  2. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  3. КÆМÆНДÆР
  4. КÆМÆНДÆРТЫ
  5. КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ
  6. ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ
  7. МÆ АДÆМÆН

Æрæгвæззæджы аргъау

Хъæу ысхъæлдзæг и. Фæсрагъæй

Хурæн разынди йæ тæлы,

Æмæ, кæс, нæ комы дагъыл

Судзгæ цæхæртæ ныккæлы.

 

Хæфс ныфсхаст у, мæнæ дурыл

Аппæрста йæхи уæлгоммæ.

Ис йæ чысыл чызг йæ цуры,

Никæмæн нæ кæсы коммæ.

 

Уæд тъыллим-мыллимтæ сисы,

Арвырдæм йæ къæхтæ тилы:

— Цымæ хурæй исты риссы,

Бæстыл рагацау цы зилы?

 

Мыст æм рауад: — Ныр цы кæныс,

Мах фæрныг цардмæ æвдæлы? —

Тагъд — зымæг, æмæ нæ къæсы

Нал цыхт ис, нæдæр къæлуа.

 

— Рацагур, цы арыс, уыдон,

Ау, фæрныг куы у нæ уæзæг,

Æмæ, чи зоны, дæ фæллой,

Абон уа йе сом — ысбæззой.

 

— Хорз, фæлæ дæ ма уæд рохы, —

Загъта мыст, — тызмæг у рæстæг,

Уа мæ цин æви фыдохы,

Мауал цу мæнмæ æввæхсты.

 

— Уый цытæ лæхурыс, стæ-ма, —

Рабадти йæ дурыл хæфс дæр, —

Чи зæгъы, æмæ дæ къæсмæ

Æз фæцæудзынæн лæгъстæмæ?

 

Ам мæнæн мæ доны хъармы

Алцы — дзаг. Цы дæ нæ уырны:

Дзынгатæ нызмæлынцтары,

Дурты бын кæм нæй уытъырны?

Уæд ныййазæлыди ком

Митвæздæгæй æмæ — кæс:

Дон æрбаста ихæй рон,

Аззади йæ уæлæ хæфс.

 

Уазалы ныргъæвст, мæгуырæг,

Æмæ уæд йæ чызгмæ дзуры:

— Цу, фæцу нæ мыстмæ курæг

Урс гагатæ æмæ дзулмæ.

 

Зæгъ: уый базыдта йæ бон,

Нал кæны йæ басыл фу-фу,

Æмæ, дам, — æрхат æм, — зон,

Нал уыдзæни никуы суфа.

 

Чызг чъызгæйæ уæд фæцыд

Мыстмæ — хуыккоммæ, йæ разы

Мæнæ — мыст... Цы ма йæ хъуыд,

Удисгæ быры йæ фазыл.

Бады мыст. Йæ фынгыл — зокъо,

Бурбын физонæг — йæ тæвдыл,

Æмæ пъæртт кæны тамако

Иу къах иннæйыл æвæрдæй.

 

Къуым — æфснайд, дзæнæтау, хъарм у.

Ис йæ разы телевизор,

Уый йын диссæгтæ æвдисы...

У фæрныг йæ бон, йæ изæр.

 

— Мидæмæ, кæм дæ, мæ сыхаг?

’Гас æрцу, æрбад мæ фарсмæ.

Уый дæхи æхсыс цæссыгæй,

Ау, цы дæ бафтыдта тасы?!

 

— Табу дын кæнын дæхицæн,

Бауадз нæ чысыл дæ къæсмæ,

Нал нæм ис хæринаг ницы,

Мæнæ уазалы ыскъуыйæм.

 

— Хорз, уæдæ. Фæдзур дæ мадмæ.

Де ’фсæрмæй кæнын æз разы,

Науæд, куыст кæмæн нæу адæн,

Ахæмты, мæ хур, нæ уарзын!..

НЫСТУАН МÆ КÆСТÆРМÆ

Нæй искæй зондæй зонд, фæлæ уæддæр

Ды хъуамæ зонай: царды цин, йæ зынтыл

Куыд хъуыды кодтой разагъды лæгтæ,

Цы хæрзтæм-иу бæллыдысты сæ фынты.

 

Нæлгоймаг уа, сылгоймагæй... Уый раджы

Йе æрæджы уыд — нæ кæны ивгæ

Нæ цæугæ цард. Æдзух вæййы йæ равджы,

Цæуой йыл азтæ цъусдуг уа йе — мингай.

 

Нызгъæлы хох. Ныззаууат и цæугæдон,

Йæ кæсæгтæ фæлыгъдысты, кæдæм

Æмæ цæмæн, гъеуый нæ зоны, —

Фæтæхынц мæргътæ цардхæссæг хъæдæй...

 

Æмæ уæд цу, æмæ дæ фæндаг агур...

Дæ уарзт фæци. Дæ нæргæ зард — цæссыг.

Цы-ницытæ кæнынц дæ удыл дам-дум,

Дæ фæрныг зард, дæ иугъæдон рыстыл.

 

Фæлæ та раст, — лæмæгъæн ничи бары, —

Куы йæ уарза фæрныг, уæддæр — рæстæгмæ,

Æмæ-иу ма кæс а сау зæххы цъарыл

Куыдзау — ыстæгмæ!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 53 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС| AElig;РДХÆРДТÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)