Читайте также: |
|
...Фыццаг-иу хъарм къæвда лыстæг сынчытæй уарыд.
Куы-иу ныррухс кодта, куы-иу нытталынг бон,
Куы та-иу хъæд ныррызт, æмæ-иу тары
Цæхæртæ акалдта æрвæрдыны хæдон.
Цæлгæнæг адæмæн сæудзыд кæрдæг — сæ бадæн
Цæлхъзард, хъæлæба, гаджидæутты къорд.
Чи кодта сылтæн расыджы ’фсон пъатæ,
Кæмæн-иу йе знаг басгуыхти æрдхорд.
— Нæ цард у, уалдзæгау, æвыд, рæсугъд, мæ хуртæ, —
Дзырдта уæлтæмæнæй бынатахуыр фыссæг.
Фыссæг та каст йæ ауæдзы цæлхдуртæм,
Дæллаг галау, зæрдæрыстæй, тыхстæй.
— Нæй а царды æвæлмон лæгæй карздæр,
Тыхы къуыбар у, зонддух, бархи сырд, —
Уæдæ мæныл цы дудгæ бон æрцыд —
Мæ райгуырдæй дæн ме ’намондыл разы;
Хæты уæлæуыл кардзагъдæй мæ сих,
Мæ уд та мæм, мæнгагъуыстау, фæкæсы...
Кæс-ма, гыццийы пирæнгомау, мигъ
Хъæриуы хохы саггæмтты фæлæсы.
БАРТА
Испайнаджы уайдзæф козбау кæстæрæн
Æз дæ хуызæн куы уыдаин, Барта, —
Хорз куы ардтаин, хурау, лæвар,
Уæд мæ уды фæндиæгтыл, артау,
Ихдон не скъæрид цард.
Ды, уæрыккау, уæздан, æнкъарддæ,
У къæдзæхыйас та дæ ас,
Фæлæ, оххай, тыччыйæ къаддæр
Свæййыс хицауы раз.
Сты, æмзæлдау, дæ фезмæлд, йæ фестад, —
Цыма токæй дæ уымæ баст...
У дæ куывддаг: мæ хицау, де стæн,
Æз куы зæгъон дæ ныхмæ раст.
Ма дом макуы, лæгау, дæ бартæ,
Дзул мыдимæ æмпул фæрнæй.
Æз дæ хуызæн куы уыдаин, Барта,
Уæд дæ хицау нæ тæрсид мæнæй.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
МÆ НЫСАНЫ БÆРЗОНД СТЪАЛЫ | | | КÆМÆНДÆРТЫ |