Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Джусойты акимы зарæг

ФЫДÆНХЪÆЛ | ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ | РАЗДÆХ | СЕ ЗНАГЫЛ МÆ ЧИ НЫМАЙЫ, УЫДОНÆН | УАЛДЗÆГ | ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС | ХÆРЗИУÆГ | ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ | ДЗЫРДЫ ФАРН | ФÆСМОН |


Читайте также:
  1. ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ
  2. ЗАРÆГ
  3. ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ
  4. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ
  5. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  6. ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ

Ой!

Фæззыгон зыд мигътæ, Бибайы фæз рæгътыл

Цæмæн кæнут къордтæ, —

Æртæхæй уæ хъарæг!

 

Джусойты Аким, дам, нæ Иры лæппутæн

Æфсæрмæй фæзæгъы:

Ныззарут мыл зарæг

Уæ зæрдæйы норттæй!

 

Фæдисоны æфсургъ ехсы цæф нæ бары,

Рæдувы йæ рохтæ,

Йæ бæллиц — йæ тухæн,

Аким, дам, фæзæгъы: мæ хъулон æмгæрттæ,

Мæ зæрдæ ныссабыр

Фыдгæнæджы къухæй

Сæрибары тохы.

 

Ой!

Наниты хъæдыл рæусыфтæр нæ хæцы,

Нынкъуысы фыдтары

Цæгаттаг дымгæмæ.

 

Аким, дам, фæзæгъы: мæ уарзон ныййарæг,

Германы сау хæсты,

Дæ уындмæ бæлгæйæ,

Мæ дуне нытталынг.

 

Бæлæуты зæнгыл та куы рацæуы ихæн,

Уым састау йæ фæттæ

Æрæвæры уад дæр.

Аким, дам, фæзæгъы:

Къуыдаргомы дзыллæ,

Мæ уды тæригъæд

Мæ сонт удæй дарддæр

Хуыцау дæр нæ федта.

 

Кæд уалдзæджы свæййы йæ тæккæ тæнæгыл

Зæгæлхъуыр тæдзынæг

Тæмæнхъуыры зынгæй.

Аким, дам, фæзæгъы: ныр ацы дард бæсты

Мæ мады зæнæгæн сæ судзгæ цæссыгæй

Æнæхай кæндзынæн!

Ой!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 61 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФЫДЫ КЪÆС| МÆН ЧИ НÆ ЗОНЫ, УЫЦЫ ХÆЛАРÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)