|
Чызджы зарæг
Ма уарз, уæддæр мæ нæ уыдзынæ рохы.
Цу та, дæ рахиз фарс — æз æмæ зæдтæ!
Барын, мæ сæнтты æнувыды охыл.
Раздæх! —
Сæнт урс митыл хиуарзон фæдтæ.
Дымгæ ныууигъы бæрз бæлæсты ниугæ,
Сысты, æдзæрæг — йæ къуымтæ, йæ фæзтæ.
Цардæн нæу уды фæвдийæгтыл ивгæ,
Науæд мæлæтæй кæд фæтарсти зæрдæ!
Уарз мæ, мæ дуне, æлгъыстау,
Нытталынг æнæ дæу!..
Уарз мæ, нæ хицæны рæстæг
Кæй æрцыд æнæмæнг.
Зонын: мæнæй ды нæ уыдзынæ никæд,
Уарзын: мæ уавæрæй, амондау, райгонд...
Раздæх! —
Мæхицæн ныббарын мæ хивæнд, —
Абон, фæстаг хатт ма абон!
Рустыл нызгъæлы, мæ худæгау, цæссыг,
Артау, æбæрæгмæ ивазы зæрдæ.
Ма уарз, æз иувæрсыг уарзтыл æввæрсын,
Хурау, мæ риуы æвæрд дæ!
Уарз мæ, мæ дуне, æлгъыстау,
Нытталынг æнæ дæу!..
Уарз мæ, нæ хицæны рæстæг
Кæй æрцыд æнæмæнг!..
Лæг рæвдыдмæ æнхъæлмæ кæсы —
Хо, æрвад у, хæларæй,
Кæд нæ уаид йæ сабыр къæсы
Удæй зонды ’хсæн арæн.
Лæг рæвдыдмæ æнхъæлмæ кæсы
Уа пахуымпар, фыййау æви хицау.
Хур лæджы удыл, мадау, тæфсы, —
Уый нæ кæны йæ хъæбулты хицæн.
Æмæ сабийы пух русы хъарм
Ног куы ныдзæвы рустыл, —
Мигъау айсæфы зæрдæйы тар,
Риуы февзæры рухс тын.
Мæн Хуыцауæй цы амонд фæци,
Уый нывондæн æрхæссин,
Кæд рæвдауын лæджы уды цин
Суид хæрзамондау зæххыл.
***
Ныффæлладтæн æнæуарзон цæстытæй,
Æнæномæй, æвæрæзæй, æгадæй.
Сты худæгау мæ раздæры мæстытæ,
Фæсмоны мигъ мæ риувæйнæгыл бады.
Уæд циу фæсмон? Æви нæ уыд мæ уарзт
Зæйраскъуыдау, нæ-иу куыдта сылгоймаг
Нæ хицæныл, æмæ нæ хаста маст,
Цы чызг уыди мæнæн рæстæгмæ койаг.
Циу ном? Кæд-иу мæ фæзынды сахат
Рæстаглæгæн ныфсы хос уыд — бæрæгбон.
Ныттыхта-иу мæ йе ’ндон æрмтты уад
Æмæ нæ уагъта ихуарын æмгæрон.
Æвæрæз! — уый мæ рахæцæн, мæ фæрæз,
Цæмæй мæ цард ысбадтаид йæ гаччы:
Уа арвы рон фыдвæндæгтыл мæ пæлæз,
Æмæ мын уа къæвдайы саха адджын.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ | | | СЕ ЗНАГЫЛ МÆ ЧИ НЫМАЙЫ, УЫДОНÆН |