Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ГОРÆТЫ НЫВ

СÆРИБАР | КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ | ИЗÆР | ИУНÆГ КУЫДЗ | ЗÆРОНД БÆХ | ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ | СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ | БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН | ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ | ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ |


Читайте также:
  1. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ
  2. ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ

Мит уарыд урс-урсид тъыфылтæй, —

Ныррыхыд рог пакъуыты зæй.

Фынæй горæт уыд хъал йæ фынтæй,

Йæ уынгты цъиуызмæлæг нæй.

 

Ныкъкъæдз и уынгдзырагъ, хæрисау,

Æрсагъта тинтычъийæ худ.

Кæмдæр — фæндыры хъисты ризын,

Фæрныг сылгоймаджы ныххудт...

 

Уыди сæнт урс дуне æдзынæг,

Нымадта зæрдæ рæстæг тагъд.

Цыдысты уарзæттæ... Тæдзынæг

Сæ размæ згæ хæтæлтæй тагъд.

 

Сæ цæстытæй тæвд рухс ныуулæн,

Цъырдтой сатæг уæлдæфы ронг...

Дзырдта зæлдагбоцъо лæппу лæг

Зæрдæргъæвдæй цыдæртæ рог...

 

— Ис амонд рæстæджы тæразыл, —

Йæ хъиутæ йæм фæхæры лæг,

Цæмæй æдылыйы ныхасæй

Йæ хъуыды ма кæна куынæг!

 

Хъысмæтыл бон изæр нæ кæны,

Зæрдæйау, — иугæндзон йæ цыд;

Лæгыл æхсæрдзæнау ныккæлы

Йæ дуне, — рухс æмæ фæлывд!..

 

Уæззау йæ ингæны уæлвæзыл

Ныххуыссы иу афоны къæй!..

— Кæс-ма, цы рудзгуыты æмбæрзæн!

Цымæ дзы дуканийы нæй?..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 73 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЦАРДЫ ЦИН| СОЛЬВЕЙГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)