Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ

МÆ ИРЫ КЪÆС | МÆ РАГОН, МЕ ’РЫГОН ИР! | МÆ КАРÆН ХÆСТОН | НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ | ПРОМЕТЕЙ | СÆРИБАР | КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ | ИЗÆР | ИУНÆГ КУЫДЗ | ЗÆРОНД БÆХ |


Читайте также:
  1. СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ
  2. ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ

Мит уары хæхбæсты. Тыхдымгæйы пъатæй

Тæвд рудзгуытыл мигъдалынг сысты.

Сырх пецы цæхæрыл фæрныглæджы уатæй

Физонæджы цъыс-цъыс хъуысы.

 

Уым кæрты сырддонцъиу гæзæмæ сау дары,

Йæ тыхстæй ыскæуынмæ хъавы.

Йæ цоцойаг мады тынц пакъуыйы хъармыл

Æндæвд къæхтæ тавы.

Уымæлдзæстæй зары:

 

— Дзырдтон дын, нæ бæстæй

Фæтæхæм, нæ йын хъæуы кувын...

Кæй хъæуæм?.. Лæгæн у, уæлдай æргъомбастау,

Нæ уды æнувыд!..

 

Фæхъулæттæ зæхх, уæд — зæрватыччы афон!

Мах мурмæ уæд нал дары ничи.

Зымæг та сæ хосдонæн гом у йæ ричъи...

Цæмæн, уый ды базыдтай абон...

 

Цы хорз дæм фæкасти æнцойады зарæг?..

Цæсты раз цы уа, уый æгад у...

Тæккæ райсомæй та мæ пакъуыты хъармыл

Æндæр цъиу ыскæндзæн бадæн...

***

Сау дымгæ æмæ бур хъæд. Фæззæг.

Цъиуты загъдæй та сафтид кæрт.

Ницы-мацытыл бахардз рæстæг,

Æмæ афардæг сæрд.

 

Зæхх æмпъузы лыстæг сынкæй къæвда.

Кæд нæ ары, мæнау, фæрæз?

Нал у ног ныр мæ балц, мæ фæндаг,

Адард удæй мæ къæс.

 

Иу хъуыддаг ма бæлвырд-бæстон у,

Иу рæстдзинад ма ис æцæг:

Нæу мæлæтыл кæуаг хæстон лæг,

У йæ рисыл хъæцаг фыссæг.

 

Къух ныддæвдæг и фæндыры хъисыл...

Цъиуты загъдæй та сафтид кæрт.

Ехх, цы зард мæ фæндыди сисын,

Фæлæ... Афардæг сæрд!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ| БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)