Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Прометей

КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ | УАЗАЛ РАЙСОМ | ЭКСПРОМТ | ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ | ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ | AElig;НÆЗОНГÆЙÆН | КУЫДЗЫ МÆЛÆТ | МÆ ИРЫ КЪÆС | МÆ РАГОН, МЕ ’РЫГОН ИР! | МÆ КАРÆН ХÆСТОН |


Читайте также:
  1. ПРОМЕТЕЙ И ТРАГЕДИЯ КУЛЬТУРЫ
  2. ПРОМЕТЕЙ И ТРАГЕДИЯ КУЛЬТУРЫ
  3. ПРОМЕТЕЙ И ТРАГЕДИЯ КУЛЬТУРЫ
  4. ПРОМЕТЕЙ И ТРАГЕДИЯ КУЛЬТУРЫ
  5. ПРОМЕТЕЙ И ТРАГЕДИЯ КУЛЬТУРЫ
  6. ПРОМЕТЕЙ И ТРАГЕДИЯ КУЛЬТУРЫ

Тæрсынтæ-иу мæ мауал кæн, Хуыцау!

Мæ игæры хъæдгомæй туг лæдæрсы...

Лæдæрсгæ нæ, — цæуы æмæ фыцы! —

Фыд хъизæмарæй æз уæддæр нæ тæрсын!

 

Циу амонд та?!. Уый дзургæ нæу дзыхæй.

Мæ ном мæрдты зындонæй дæр ысзындзæн.

О! Ахастон дæ зынг! Лæгæн! Тыхæй!

Лæджы арфæ та у дæуæй тыхджындæр!

 

Уæдæ мæнæн ды ницы дæ!.. Æрмæст

Куы уой мæ адæм хызт дæ сау æлгъыстæй:

Кæрæдзийæн куынæ уарза сæ цæст —

Дæдтын мæ зынг ысхуыстæй!..

***

Æз фæцардтæн фæцæрыны фаг,

Фæлæ зæрдæ нæ тасы, —

Уæлæ арвы зæрин кæттаг

Мæн, архъанау, æлвасы.

 

Зæххыл зилы, æвдисæнау,

Хъуыды, ног билцъау, гуыры:

Уый Вьетнаймаг фæдисонæн

Туг ысцæм и йæ хъуыры...

 

Хъуыды фены: зæххы цъарыл

Цард æппæтыл æххæссид,

Фæлæ тыхджын æдыхдæры

Хурмæ не суадзы скæсын...

 

Уæд куыд цæрон мæ абонæй,

Йе куыд рухс уа мæ райсом?..

Дæн мæ дугæй, мæ амондæй

Куы хъыгзæрдæ, куы райгонд...

 

Хъуыды ивгъуыдмæ атæхы,

Фæлæ уым дæр — зæххон зиу:

Хæсты тугуарæн сахаты

Уым нæ артдзæст ныххорз и...

 

Кодтой хæстмæ нæртон уылæн

Уым нæ сонтуд фыдæлтæ...

Мигъты баззад сæ комулæфт,

Знæт фæндæгтыл — сæ фæдтæ...

 

Æмæ къæдзæхты саггæмтты

Тугвæд бамыр и кадæн...

Уарз, дæхийау, æддагæтты,

О мæ фæразон адæм!..

МÆ ФЫДМÆ

Ма кæс афтæ тызмæгæй, мæ фыд...

Фæрæт сигæцыл ризы дæ къухы.

Хур йæ комыл, кæсагау, тæлфы, —

Уый дæ сагъæс, къуыбылойау, тухы.

 

Ма дзур: дардыл, дам, хъуыст у дæ кой

Хорзæй нæ, фæлæ хивæндæй, сонтæй...

Нæй дын а зæххыл иу ран æнцой,

Царды иунæг хорз не ссардтай зондæй!..

 

Раст дæ уымæй, мæ хистæр, раст дæ!..

Фæлæ ме ’взæрæн уыдзæн æфсон:

Æз нæ хæхтыл зæрдæйæ баст дæн,

Æмæ уæхстыл физонæг куы суон,

 

Зон æй, гъе уæддæр ацы къæсæрмæ

Æз хæсдзынæн сыгъдæгæй мæ ном:

Мæнг, козбаудзырд нæ хæссын мæ сæрмæ, —

Нæудæ кæстæрæн уый йæ бон.

 

Амонд — урс цæргæс! — арвы сæнт цъæхыл

Хурмæ айвазы уæнгтæ æхцон...

Æз рæстагур фæзилын нæ зæххыл

Æмæ уымæн нæ арын æнцой.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ| СÆРИБАР

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)