Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

AElig;НÆЗОНГÆЙÆН

ХЪÆУУОН МЕЛОДИ | УÆТÆРЫ | ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ | АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ | ФÆСРИВАД | БИРÆГЪ | КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ | УАЗАЛ РАЙСОМ | ЭКСПРОМТ | ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ |


Ис æппæтæн дæр царды гæнæн:

Ис, фыры хъулау, зæрдæйæ хъазæн.

Абон арвы дуар байгом мæнæн,

Æмæ иумæ пыхцыл сæн нуазæм.

 

Гоби дæн, — уый сæрыстырыл нæу.

Уымæн афтæ нæ хæцин мæ дзыхыл,

Æмæ уавæр тыхсын кæна дæу,

Йе, мæ сæрибар судза мæ ныхыл.

 

Ног ысхæмпæл мæ уды хъуына,

Лидзин ног хуызы абон мæхицæй.

Ды — æнæзонгæ. Хъуамæ мын уа

Иу æвдисæн, куыд нæ дома — ницы.

 

Худ. Æхсинау, дæ мондæгтæй хъаз.

Ме ’рдæм уарзæгой цæстæнгас араз.

Дзур гæдытæ! — Æдылы ныхас

У афтид риуæн нозтимæ ахъаз.

 

Бамбæхс иу хъуыддаг: чи дæ? цы дæ? —

Йе цы зарджытæ уарзтай æвзонгæй.

Хатын уыдæттæ, уымæй фыддæр

Æз тæрсын, ды куы разынай зонгæ.

 

Кæс, зæрин хур нæ хæхты сæрмæ

Уадзы хъарм зæхх, тынризгæ, йæ фæстæ,

Хъаз! Дæ дзыхы дзаг базар хъæрæй,

Æмæ ма кæнай дардыл ныхæстæ!

***

Ницы, ницы мæ хъæуы дæуæй.

Нæдæр уарзт, нæдæр узæлд — нæ хъæуы!..

Ацы гом зæххыл нал кæны уæй

Цард йæ рæдау мæ хуызæн сæрхъæнæн.

 

У мæ хъару цырен арт, цæхæр,

Хауы цадæг цъæх-цъæхид фæныкæй.

’Руадз мæ сатæг уæхсчытыл дæ сæр,

Афтæ амондджын не скæндзæ, никæй!

 

Абон нал кæны сау катай цот,

Æз хуыцæутты хуыцау дæн мæхицæн.

Зæрдæ дуды!.. Куыд фæнды дæр фод,

Æз мæ рох цинæн нал кæнын уисæн.

 

Акæс: уалдзæджы армыл къæсæр

Ссардта мыдыбындз: дурвæткъуы — цикъæ...

Руадз мæ сатæг уæхсчытыл дæ сæр,

Афтæ амондджын не скæндзæ, никæй!..

Орджоникидзе, апрель, 1972.

***

Мæ зæрдæдыл ысивтон раджы...

Туг нал у ’мхиц æрра сæнттæм, нæ тасы.

Нæ зæххыл мын цы уыд дæуимæ адджын, —

Æппæт дæр их цæстæнгасæй иртасын.

 

Мæ хъуыды ма, цæф цæргæсау, ызмæлы:

Æз а цардмæ ныры уонг дæр — æдзæттæ,

Уæ къæсы дæн хуынды уазæг!.. Дзæгъæлы,

Мæ рисы ’дде мæн ферох и æппæт дæр.

 

Мæ уаз хъыгтæ нæ зыдтон æз нымайын,

Лыстæг хъуыддæгты ныр ысхæцын бустыл

Æмæ лæмæгъ уд сагъæсты, æррайау,

Дæ фæлмæн худт кæйдæр цæстытæй хъусы.

 

Хъысмæты хæрзтæм ног бæллын мæ кары

Нæ фидауы: тыхсы йæ сытæй саг цæр.

Мæнæй цæ рох, фæлæ цæ уарзты сарæй

Дæу нæ уарзын у ноцжыцæр тæссагцæр.

***

Фыд-зымæг цымгæйы фæттæй

Æхсы æцзæрæг къæс кæцæйцæр.

И зæххыл урс нымæт, уæддæр

Ныххуыссыд комы рæбын мæйдар.

 

Фынæй хъæуæй нæ хъуысы цитт.

Арт пецы нал кæны йæ сæрæн.

Æз — иунæг. Тары уары мит, —

Зæххыл йæ рагон фæтк æвæры.

 

Хæссы цыбыр ивгъуыдыл цæст

Мæ мид-зæрды æнæнцой сабыр:

Ныр царды тохæй у ирвæзт

Мæ уды хорз æмæ йæ азым.

 

Нæ хæхты урс-урсид тызмæг,

Бæгънæг хъæды уæззау æдзынæг.

Сты хауæггаг хъуыдыты цæг,

Ирвæзты хос æмæ ныхкъуырæг.

 

Бæстон хорзыл та у мæ сидт.

Ыстыр горæт ныгъуылы тары,

Цыма ракетæты æхситт

Мæнмæ, ныхыйасау, нæ хъары.

 

Фæлæ та базмæлы, хъæрзы

Мæ зæрдæ рох уды къуындæджы:

Мæ номыл чи æвзары зын,

Æз уыдонмæ кæнын æрæджы!..

 

Кæм тауы урсбоцъо мæнæу

Хуымгæнæг, уым хъæуын æнæмæнг;

Уæд та мæ уарзон удæн нæу

Æхцон фæрныгдуне æнæ мæн?..

 

Æмæ та хохрындзыл лæууы

Мæ зæрдæ, Тары фыртау, дарддзæст.

Фæстиат зарæгау, кæуы

Мæныл мæ дард фыдæлты артдзæст...

***

Æрсабыр, æрфæлмæн, æрбæстон мæ цард, —

Тæлтæг хъуыды нал цæуы стæры.

Ныггуыпп кæны ногæй фæрныг къæсы арт,

Картофы билцъ базмæлыд мæры.

 

Ныддæвдæг и хохæн йæ фæдджийыл хъæу,

Хæдзар-хæдзар айвæзта уæнгтæ.

Ам зæрдæйы риссаг гæппæввонгæй нæу, —

Ам сабыр у риу æмæ зæнгты.

 

Æнæхин æвзонгад, цы фæхоны лæг

Зæронды бон кургæ хæрзиуæг,

Ныххуыссыд дæ дæлфад... Мæ дуне, æцæг,

Мæ удæй ды аззадтæ иунæг.

 

Рæсугдоны, урсдурау, ферттивыс ног,

Фæцæвын мæ къух æмæ... Сар уон...

Гæххæтты урс цъарыл ныххуыссы мæ цонг,

Мæ ивгъуыды аззайы абон.

 

Вæййы та мæ фæдзæхст — дæ зæрдыл-иу дар:

У уалдзæджы хъузон фыдзымæг.

Мæ мæлæтыл ма ку... Мадæр-иу дар

Сау —

Лæуу мæ цырты раз худгæ, æдзынæг.

 

Æдас дын уыдзысты фыдæх æмæ хин,

Æрхъарм-иу кæн адæн дæ лыстæн.

Мæ артдзæстмæ исынц дæ бæсты сæхи

Æрдхæрæны ’ууæндаг мыстытæ.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 50 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ| КУЫДЗЫ МÆЛÆТ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.013 сек.)