Читайте также:
|
|
Рагъæй атылд хур — хæтаг,
Мæйы рухс кæны уæндон.
Æхсæвы уæрагыл та,
Сабийау, æрфынæй бон.
Комы та дымы, хъызы.
У мæ уаты сабыр, хъарм.
Бæрзæн та йæ урс хызыл
Ауындзæгæй ризы тар.
Гæды къонайæ кæсы
Мыстмæ йе ’рфгуыты бынæй.
Чиныджы мæ фыд кæсы
Иугай дамгъæтæ зынæй.
Уадз æмæ кæса, кæса, —
Ницæмæ кæны хæлæг,
Кæд æмæ йæ фырт ысуа
Иу афон хуызæнæн лæг.
Нал уаид йæ уды хъæд
’Нæхъæн комбæсты дзырддаг.
Гъей-джиди! Кæм нæ у уæд
Ацы къæс цæрыны фаг!
Урс æхсыр, æвæджиау,
Хъуылæгмæ сæх-сæх кæнид.
Аппарин æрæджийау
Ацы сау кæрцы къæрит.
Нал зонын æз та тыхсын, —
У мæ уаты сабыр, хъарм.
Нал та у мæ бон быхсын
Ацы рох къæсы хæрам.
О, хæлар, æрцу ды дæр, —
Хъазы хъуынæй конд дæ баз! —
Адæмæн сæ хорз фыддæр
Мауал уа æнæбон, карз.
Чи зоны, ды дæр ысуай
Иу афон хуызæнæн лæг,
Гъемæ дæм — лæг уай, фыс уай —
Ничиуал кæна хæлæг.
Урс æхсыр, æвæджиау,
Хъуылæгмæ сæх-сæх кæндзæн, —
Армæй ма æрæджийау
Сгардзынæ дæ рох кæрддзæм.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 43 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | | | УÆТÆРЫ |