Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хæххон хæдзары

КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ | ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН | ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ | Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй | AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ | ДУГЪОН БÆХ |


Читайте также:
  1. КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ
  2. ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС
  3. ХÆДЗАРЫ ФАРН
  4. ХÆХХОН ÆХСÆВ

Хъæуыл рацыд рог фын — адæг,

Мигъы аныгъуылди сых.

Æз тæрс æндзарæнтæй цадæг

Пецы бакæнын æртдзых.

 

Рог у донхæссæн мæ хойæн. —

Тыргъы асæрфдзæн йæ мит!

Къуымы дургуыбын цæххойæн

Калы нурыйыл йæ хид.

 

Æмæ цалынмæ фæбур уа

Уæхстыл физонæджы фарс,

Уатыл удæнцой æрхъула,

Иу дзырд асайдзæн ныхас.

 

Гæды авæрдзæн йæ хайæ

Милайæн — уыдысты дзырд,

Æмæ адæмты хъаугъайæ

Мæн æрфæрсдзæни мæ фыд.

 

Стæй йæ хъæстæгтæ мæ хойæн:

Нал уадзы йæ хъуг æхсыр!..

Фынгыл урс уæливых сойы,

Къутæрау, кæны сыр-сыр.

 

Сыкъайæн йæ астæу — гакъон,

У хъуынтъыз дурын къуыпсин.

Гъей, æндæвдбуар фæндаггон,

Мидæмæ, табуафси!..

***

Дымгæ рыг-митæй æвдулы нæ къæс,

Зыхъхъырты ссæуы йæ уасын.

Ахсæв æрулæфын нал уарзы цæст —

Сагъæсмæ зæрдæ нæ тасы.

 

Урс уæрыкк къуымты æрсимы дæрдтыл,

Хъазы мæ хæрæфырт хъулæй...

Арынджы лæгъзы мæ хойы æрмтты

Хыссæ, лæппын арсау, тулы...

 

Ивылы уаты æнахуыр æнцой,

Риу дзы æрхæцгæйæ нуазы.

О, мæ хо, аргъæв дæ уазæджы кой,

Рацу, æрбад уал мæ разы!

 

Ногæй та, байрагау, зæрдæ тæлфы.

Ма мæ кæ уазæджы ’фсæрмы!

Пецы хуылыдз тæрсы сусæг хуыфын,

Рох цинау, азæлы сæры.

 

Йе дæм мæ лæджы кар дисау кæсы,

Æмæ дæ мадзура армæй

Хатыс: мæ сау-сауид бецыкк хæссы

Уазал кæйдæр былты хъармæй?..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 63 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МÆ РОХ КЪУЫМ| ХЪÆУУОН МЕЛОДИ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)