Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хæдзары фарн

УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ | НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ | AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС | КÆМÆНДÆР | СÆРДЫГОН ИЗÆР | ДОНЫЧЫЗГ | ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХÆДТÆХÆДЖЫ | МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН | НАЛ МÆ УАРЗЫС |


Читайте также:
  1. КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ
  2. ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС
  3. ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ

Мæ уарзон райгуырæн къæсæр,

Ды ныр рыг миты сагъд, тъæпæнтæ...

Нафи

Æрæййæфтон дæ, райгуырæн къæсæр,

Æцæгæй дæр — рыг миты сагъд, тъæпæнæй.

Дæ пецы — суг... Хъæлæсыдзаг ныззар,

Æрвон тыгъдады урс-урсид тæмæнæй

 

Дæхи æрбатух. Уазæгуарз — дæ хо,

Йæ ном нæры сæрæн чызгæй, рæдауæй...

Нæ йæ зоны: фыдбылызы тæрхон

Кæнынц мæнæн фыддуг æмæ фыдадæм.

 

Æмæ уæзбын уæлибæхты рæгъау

Нæ кæны фынгмæ пецы лагъзæй зивæг:

Мæ хо кæны нæ комбæстæн æгъдау,

Цæмæй нæ уа йæ уаз æфсымæр иунæг.

 

Уый хорз, мæ хо! Фæлæ мæн та фæнды,

Куы хониккой æфсæрмаккаг, хъæбатыр,

Цы лæджы номмæ баххæссын уæндынц:

Æууæнк, растдзинад æмæ хатыр!

 

Фæлæ гæвзыкк у а хорзæхтæй зæхх, —

Цы хъауджы у сæмпæрчъийæн мæ зарæг?

Цæттæ мын дар фæдисонау мæ бæх, —

Мæ мардыл макуы райхъуыса дæ хъарæг!

ДЗУАПП

О, ма мæм дзур тызмæг, ысхъæл ныхасæй!

Куы схъауай зынг, цæхæртæ калы уæд:

Æнæ дæу дæр, мæ конд æмæ мæ асæй,

Æз хорз зонын, цы мын кодта хъысмæт?!.

 

Йæ рæдауæй нæ уыдтæн буц ныры онг, —

Лæджы кары ма чи у хъал фынтæй!

Фæлæ дзы никæд хъаст кæнын нæ зыдтон,

Сæрыстыр дæн йæ иударон зынтæй.

 

Æрвгæроны тымбыл хаххыл — мæ нысан,

Фæбыры къах, кæны уæззау мæ цыд,

Фæлæ мæ зарæг зæрдæйы нæ сысы:

Мæн, чи зоны, æндæр амонд нæ хъуыд?

 

Æууæндын æз, кæй бафтдзынæн йæ къæсмæ

Æгæр-мæгуыр мæ амæлæты бон...

Æвзæрæй мын цы дардтой-иу мæ цæстмæ, —

Нæ йыл кæндзынæн ингæны фæсмон.

 

Нæ мыл уыди ысфæлдисæг дæр барджын,

Æмæ-иу æй, мæ фæстаг уарзт, ды зон...

Æз бирæ хæрзтæ фесæфтон мæ царды, —

Дæу фесафын мæ нал фæнды, мæ бон!

ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ НЫХАС ЙÆ БИНОЙНАГИМÆ

Ног та сыфтæр ызгъæлы

Нæ рагон тæгæрæй, мæ хур!

Хуыры сасирмæ цадæг,

хъуырхъуыргæнгæ къада лæдæрсы.

 

Мигътæ, сау мигътæ арвыл

Фыр зыдæй нынныхъуырдтой хур,

Æмæ нал зынынц хæхтæ, —

Æхгæд ысты тары пæлæзæй.

 

Уый нæ ахуыр хъæбултæй

Хъæмæ зынæг нал ис, мæ бон,

Æмæ сафтид нæ хосдон, —

Сырддонцъиу дзы сарæзта ахстон.

 

Суг нæм фаг и — дæрдтыл у

Нæ разы æрдæгкалд æмбонд,

Ныр нæ зымæджы бонтæ

Æрвитдзыстæм иунæгæй, ахстау.

 

Сыст, мæ фæрныг хæлар,

Гомфарс пецы-ма бакæ æртдзых,

Бон цæстысыгау атад,

Нæ æфцгуытæй талынг æрхъуызы.

 

Цом, нæ папитæ афснайæм, —

Зивæг ныл ма кæна тых,

Науæд хъæу дæр — æдзæрæг,

Кæмæ дзы хъæр кæныс дæ зыны?

 

Ма кæ, ма у æнкъард, —

Уый уæлдай низ у, зон æй, мæ хур,

Бон цæуы æмæ фарн хæссы...

Рагон æмбисонд куыд мæнг у?

 

Цард цыфæнды кары дæр, —

Йæхирдыгонау — рæсугъд, —

Уый дæ макуы уæд рох,

Стæй лæгау лæг кæмфæнды дæр лæг вæййы!

 

Уæдæ рабад, мæ бон,

Кæд нæ хæндыг нæ кæны хъуына,

Уæд æртæ уæлибæхæй

Ыссарæм нæ зымæджы ном дæр.

 

Хæдзар фестын кæ зынг,

Уадз нæ фæздæг уæлæрвтæм кæла

Æмæ зарæг ысхойа

Нæ къæсæр, нæ фыдæлты комæй.

 

Ахсæв иннæ æхсæвтау

Уыдзæни мысинæгты рад,

Рох нæ баззайдзæн ницы,

Суанг нæ риутæй куыд иртæстой, уый дæр.

 

Райсом арв дæр зындзæни...

Хъызт бон уа, æхситт кæна уад, —

Мах нæ хуыссæны хъармы

Фæлгъаудзыстæм æхсæвы фынтæ.

 

Æз цыфæнды зындоны дæр

Никæд æруагътон мæ сæр,

Ныр тæрсын —

У уысмыл баст нæ удты фæхицæн...

 

Æмæ зымæджы хъызты

Куы ныууадзон ацы къæсæр,

Уæд цы кæндзынæ ды,

Гъе мæнæн,

Гъе дæхицæн?


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 63 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ| ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.011 сек.)