Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хæдтæхæджы

СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ | МАРДЫ УÆЛХЪУС | СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ | ЗÆРЫ БОН | УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ | НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ | AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС | КÆМÆНДÆР | СÆРДЫГОН ИЗÆР | ДОНЫЧЫЗГ |


Нæ бынмæ, æлвыд фыстау, — мигътæ,

Хæдтæхæг нæ узы, хъæрзы...

Нæ фæндаг æнустæм ныддихтæ,

Уæддæр мæ нæ уырны мæ зын!

 

Мæ фарсмæ æрвон зæцау бацыс,

Фыры хъулау не ’хсæн — цæ фырт...

Кæд, чи зоны, уый дæр ма хаты

Нæ зæрцæты сусæг тæлфын?

 

Цыцæртæ мын цзурыс мæ хъусы,

Æмæ та, — хъæуа æви нæ —

Цымхуыз былтæ ризынц мæ рустыл,

Тæвц æхсырау — судзаг, фæлмæн.

 

Нæ бынмæ та хæхты цырæгътыл

Гæдыйау æрæмбæхст мæлæт,

Фæлæ нын цъæх арв дæр — фыркъуындæг,

Адзалыл ма чи кæны мæт!..

***

Тедеты Аринæйæн

Цы уа — нæ ахады цæсты,

Уæлдайдæр хивæндæн, æвзонгæн.

Кæддæр мæ рагбонты бæсты

Æрвон зæдау уыдтæ мæ зонгæ.

 

Уæздан, рæсугъд, дæ аив гуыр, —

Сæнт урс хъазау цъæх-цъæхид цады...

Цы нæ лæппу-иу каст, мæгуыр,

Дæ фæстæ сусæгæй, æнкъардæй.

 

Фæлæ дæм баххæссæн нæ уыд,

Бæллиццаг — хохрындзыл сæгуытау...

Мæн та хуыздæр амонд нæ хъуыд:

Æз — буц ирон чызджы цыстытæй.

 

Æнæмæт, хъæлдзæг, уд-æмуд,

Рæдау æфсымæр æмæ хойау, —

Нæрыди-иу нæ ризгæ худт

Фынæй уынгты æхсæвæй-бонмæ.

 

Хæлæг мæм чи нæ кодта, чи,

Мæ хæлæрттæй, фæлæ... Дзæгъæлы:

Мæнæн æндæр рæсугъд — мæ цин,

Æндæр лæппу лæууыд дæ зæрдыл.

 

Ныр дæм фæкомкоммæ дæн, уæд

Дæ сæр æруадзыс ды æнкъардæй:

Нæдæр ды амондджын фæдæ,

Нæдæр æз æппæлын мæ цардæй!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 51 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ| МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)