Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ

ХÆС | ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ | ТУЛДЗ БÆЛАС | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ФЫДЫ РÆСТДЗИНАД | СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ | МАРДЫ УÆЛХЪУС | СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ | ЗÆРЫ БОН |


Уæд зымæг хъарм уыд, уæлдæф — цъæх,

Фæдисоны цыдæй уæ кæрты

Фæмидæг урс барæг. Йæ бæх

Æууылдта идоны къæбæлтæ.

 

Хæдзаронтæ!.. Мыр-мыр кæны,

Йæ раззæгтæ ныххойы байраг,

Фæлмæн цырагъы рухс кæлы —

Уæ рудзынгæй мыдадзау хъары.

 

Фæлæ ам цъиуызмæлæг нæй.

— Хæдзаронтæ! — фæлвары барæг, —

Цæуæнт уыл ног азтæ фæрнæй,

Фæрныг къæсæй фæйлауæд зарæг!

 

Æмæ уæд хатæны къуымæй

Фæзынди урсбоцъо зæронд лæг:

— Кæмæ бæллыдтæ, уый ам нæй,

Дæ цыд нæ фæрæстмæ, зæххон лæг!

 

Кæдмæ дæ нысаны рындзмæ

Тырныдтай ды, — дæ куыстæй райгонд, —

Фæцыдис уый, мæ хур, чындзы,

Æндæр дын ахаста дæ амонд.

 

Æмæ ныммарой кодта бæх,

Йæ рустыл ма фæхæцыд барæг, —

Цыма йæ аныхъуырдта зæхх,

Æрбайсæфти æхсæвы тары.

***

Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд макуы,

Æз уый бæрц хæтæнхуаг нæ дæн,

Æмæ ма дæ рох кæрты кауыл

Æрæнцайæн ма уа мæнæн.

 

Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, уæу-уæй,

Æз уый бæрц æгуыдзæг нæ дæн,

Æмæ мын зынвадаты ма уа

Лæгау-лæг æрдхæрдтæ мæнæн.

 

Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, зон æй,

Æз уый бæрц тæппуд дæр нæ дæн,

Æмæ мын мæ царды кæронмæ

Фыдызнæгтæ ма уа мæнæн.

 

Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, уарзтæй

Æз уый бæрц æлгъыстаг нæ дæн,

Æмæ мын Аминоны бæстæй

Æрыздæхæн ма уа мæнæн!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ| AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)