Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС

ДЗÆУДЖЫХЪÆУ | ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН | ЧЕСЕЛТЫ | НОГ АЗ ХÆХТЫ | ХЪÆУ ЗЫМÆГОН | ХÆРЗБОНЫ УЫСМ | ФЫСТÆГ | ХÆХХОН ÆХСÆВ | ХÆС | ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ |


Читайте также:
  1. АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ
  2. ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  3. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  4. МАРДЫ УÆЛХЪУС
  5. СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ
  6. ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС

Арын дзы артистп Хуырымты Уырызмæджы рухс ном

Тъыфыл мит уары. Д’ алфамбылай — хъарм,

Дзæгъæл маргъ ма кæмдæр ныууасы дардæй.

— Ау, уый дæ цæст куыд бауарзта, хæлар,

Куыд ацыдтæ, æнæ мæн фенгæ, цардæй?!

 

Кæнынц дын ахæм уайдзæфтæ, бæгуы,

Дæ хæлæрттæн сæ фылдæртæ, сæ рысты,

Фæлæ ма ныр цы хъом ысты, мæгуыр, —

Ныффæсус хурх, хъæр сау мæрмæ нæ хъуысы!

 

Кæуыл нæ цæуы комдзогæй хъысмæт,

Фæлæ мæлæт дæр хуыздæрты ныгæны,

Æмæ зæххыл Аслæнбег нал и, уæд

Будзийыл дæр хуыздæры бон нæ кæны.

 

Хæрзбон уæдæ! Æз а сабыр æхсæв

Нæ зæгъын рухс — нæ мæ уырны мæ зынад:

Кæдмæ цæрой — дæ хæлæртты æхсæн

Куысты уой, фынгыл — у цæттæ дæ бынат.

СÆУМÆЙÆ

Зарæг

Нырттивы ног æрвæрдыны къæлæт:

— Гъе, гъей, — ныззары ком

Йæ минмырон хъæлæстæй.

Мæнæн дæр ма-иу бахай кæ, хъысмæт,

Фылдæр — дæ сау зынæй,

Чысыл — дæ хæрзтæй!

 

Æниу, кæм у уæлион цард — дæ мæт,

Зылын уай, раст, —

Дæуыл баст у нæ рæстæг.

 

Мæнæн дæр ма-иу бахай кæ, хъысмæт,

Чысыл — дæ хивæндæй, фылдæр —

Дæ рыстæй!

 

Æгæрон арвæй афардæг и хур, —

Æмæ та ногæй ракурын мæ мæстæй:

Цæмæйдæрты æз дæр лæг дæн, мæ хур,

Хъысмæт,

 

Æмæ мын бахай кæ

Дæ хæрзтæй!

 

Ды алкæмæн йæ къухы дæ, хъысмæт,

Мæ хуызæттыл цæуы дæ бон,

Мæ боныл!

 

Уа — абон, сом, дæ зындон у —

Мæлæт...

Фæлæ йæ зæрдæ, байрагау, нæ комы!

Фæзæгъын æз:

Цы та уа, уый та уæд! —

Æмæ дын у æнæсайгæ мæ лæгъстæ:

Фæрныгау-иу мын бахай кæ, хъысмæт,

Фылдæр дæ сау зынæй,

Чысыл — дæ хæрзтæй.

КАР

Мæ царды фынгыл расидтысты фарны рæгъ, —

Йæ тæмæны ис хурхæтæн, бæгуы...

Мæн та ма кæд йæ фæстæ сайы саргъы бæх, —

Мæ амæттаг у уаз дугъы ысгуы!

Цымæ кæй сайын: бæхы йе мæхи?

 

Мæ цæстыты æрфæлмæн ис кæддæры зынг, —

Кæрддзæмы хъармыл бацайдагъ мæ кард,

Уæддæр ма мын фыдызнæгтæ бæрæг ысты, —

Нæ сыл цæуы æнцой-æнцадæй цард!

Кæй ма сайын: ызнаджы йе мæхи?

 

Мæ сау бецыккыл урс-урсид мит афæлдæхт, —

Йæ къæбæлдзыг хъуын иууылдæр ысраст,

Уæддæр кæны йæ уарзты ныхас хъал зæрдæ

Рæсугъд чызгæн, къæйных лæппуйау раст...

Цымæ кæй сайын: уый æви мæхи?

 

О нæ, сæттын! Æндæр ма мын цы мадзал ис,

Фæлæ ма дæн фыддæр зынтæм цæттæ:

Поэзийы æвзонг хъуамæ уон м’ адзалмæ

Зындоны мæ куы дара дуг, уæддæр...

Ам сайæн нæй — нæ искæй, нæ мæхи!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 56 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ТУЛДЗ БÆЛАС| ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)