Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХЪÆУ ЗЫМÆГОН

СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ | ДÆЛЛАГ ГАЛ | ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | AElig;РГОМ НЫХАС | МЕ ’ВЗАГ | ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ | ИУНÆГДЗИНАД | ДЗÆУДЖЫХЪÆУ | ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН | ЧЕСЕЛТЫ |


Читайте также:
  1. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  2. ДЗÆУДЖЫХЪÆУ
  3. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  4. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ
  5. ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН
  6. ХАЛОН ÆМÆ УЫГ ХЪÆУУАТЫ

Ныссабыр ком. Æгуыппæг. Уары мит, —

Хæмпус пакъуытæй арвы къуырф ныккалди.

Сырддонцъиу уасы — карз тымыгъы сидт, —

Уый хосдоны нæ фæлмæцы йæ цардæй.

 

Тъæпæн хæдзæрттæ — урс-урсид, къуытты,

Сæ рухс тыххæйты салд рудзгуытæй хъары.

Ныллæг ыскъæты бур уæныг нæты,

Цæвынæввонг æм сæгъ йæ сытæ дары.

 

Ныммыр-мыр кæны дугъон бæх æваст:

Цæуын æй фæнды, — хицау зынæг нал и!

Æмæ йæ тæлфгæ цæстыты æнгас

Къуындæг цæрæны судзгæ цæхæр калы.

 

Уæд хицау та æррынчын и, мæгуыр...

Йæ папитæ æнæзылд ысты — зоны,

Фæлæ кæм хауы амондæй ысгуы

Хæрз иунæгмæ? Æмæ йæ тых йæ бонæй

 

Ныззары уæд: цы мæ домыс, хъысмæт,

Цы хæрзтæм ма-иу бабæллынц мæ кары? —

Цæмæй тæрсон, уый у æрмæст мæлæт, —

Хуыцауæй йæ дыууæ хатты нæ дарын.

 

Цæрæнбонты æфсæст уыдтæн фæндтæй, —

Мæ удимæ нæ фæцардтæ æнгомæй...

Æниу мæ кæд æгуыдзæг æнхъæл дæ, —

Тæккæ райсом æз рабаддзынæн ногæй!

 

Æгæрон арвыл стъалыты рæгъау

Йæ уазал рухсæй тавдзæни мæ къона...

Нæ мын хæссы мæ удмæ ничи фау,

Уæд æз сæттын хуыцæуттæн дæр нæ комын!

***

Касаты Батрадзæн

Хæхтæ райгуырынц, хæхты...

Фæлæ

Уыдон дæр, —

Уый уыд мæ царды фыццаг диссаг, —

Зонынц мæлын:

Æндонвидар айнæг

Нызгъæлы лыстæг чырсау,

Æмæ хохы дæлвæдджи

Тыгуыртæ кæны

Лыстæг хуырæй:

Бон уыдисны куы рæзы,

Æхсæв та — уылынг.

Хъавы фæстæмæ ысхизынмæ —

Цъупмæ.

Хох ныллæгæй-ныллæгдæр кæны,

Æмæ иу афон

Айсæфы сыджыты.

Хуыр — йæ саби,

Бæсты бæрзæнд сырæзы,

Уæнг уæнгыл æрхæцы

Тæрккъæвда уа, тымыгъты фæрцы,

Æмæ ысвæййы хох,

Фæлæ йæ фыдæлы номæн

Йæ ронбастмæ не ’ххæссы

Никæд!

Кæд ирон лæджы хъысмæт у уый!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
НОГ АЗ ХÆХТЫ| ХÆРЗБОНЫ УЫСМ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)