Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Иунæгдзинад

ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС | КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ | ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ | УАСÆГ ÆМÆ КАРК | AElig;НКЪАРД БОН | СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ | ДÆЛЛАГ ГАЛ | ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | AElig;РГОМ НЫХАС | МЕ ’ВЗАГ |


Кæныс мæ удыл бонæй-бонмæ барджын, —

Фæхынцын дæ мæ хъуыдытæй, сæнæй.

О, сахуыр дæн дæ сабыр къæсыл раджы,

Фæлæ зæрдæйæн басæттæнтæ нæй.

 

Хъуырдухæнтимæ ацæуы дæ рæстæг,

Фæлидзын та дæ раууатмæ, бæгуы:

Мæ райгуырдæй æз уадындзы æнгæс дæн, —

Нæ дзы фу кæныс, уæд нæ зары уый.

 

Æмæ кæд зонын, царды бонвæдисы

Мæ хай ысты фæсмонтæ æмæ маст,

Уæддæр нæ аудын мæ рисыл:

Кæдæм, кæмæ фæхæсдзынæ дæ хъаст?

 

Куы уынай, ацы хурвæлыст планетæ

Сæрысуангæй æмхæццæ у ныронг,

Æмæ ма чи цы æнхъæл у поэтæй —

Кæмæндæрты йæ къух нæ кæны рог!

 

Дæ зын, дæ сагъæс хион дæр нæ хаты,

Кæм æй æвдæлы уыдæттæм, бæгуы:

Æрвылбон — тох, къæбæр æмæ бынатыл,

Цыма сæм цард æнусбонты лæууы!

 

Æрхуыссы бонрухс сойдзырагъау кæрты,

Ныггуыпп кæны мæ афтид къуымы арт.

Дæ урс гæдыйæн хъазын ис йæ зæрды,

Æмæ дыл хъавгæ рауадзы йæ арм.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ| ДЗÆУДЖЫХЪÆУ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)