Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Aelig;нкъард бон

ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ | НЫВГÆНÆДЖЫ ТÆРГАЙ | ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ | СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН | ХУДÆДЖЫ СОНЕТ | ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН | ХОХАГ ЗÆРОНД УС | ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС | КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ | ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ |


Лыстæг, æгъуыз къæвда æнæрынцойæ уары.

Æгуыппæг тархъæдыл цыма ысхæцыд арт:

Йæ арф рæбынтæй мигъы фæздæг хъары,

Ныггуыппæввонг лæууы æдзæмæй цард.

 

Æрмæст ма денджыз рохуаты ныккæрзы:

Цæуæг æм нал ис, федзæрæг йæ къæс...

Мылазон сау мигъ дымгæйæ нæ тæрсы,

Нæ йæ æндавы уылæнты хъæрахст.

 

Æмæ нырхæндæг бон... Ныссабыр бæстæ...

Йæ гаччы абадт улæфæн хæдзар:

Æрвит-иу мысгæ хабæрттæй дæ рæстæг,

Кæд нæу дæ удыл аудын дæ бар.

 

Æз та зæгъын:

Кæд цард æнцой нæ зоны,

Æмæ йын ничи базыдта йæ кар?!

Мæ кулдуар чидæр сабыр изæр хойы.

— О, мидæмæ,

Ызнагдæ йе хæлар!..

ÆХСÆВЫ ХЪУЫДЫТÆ

Сусæны изæр. Сæнтурс фынкæй хъазы,

Зары ма хуыдымы дон.

Тар хъæды — иунæг, фæсусæй ныууасы

Тары уыг. Афардæг бон.

 

Царды тæразыл ныр систы æмуæзтæ

Ивгъуыд ’мæ фидæн — фынтæ.

Фидæн мæнг у, фæлæ рацæргæ азтæй

Ласы йæ иу бон фылдæр.

 

Лидзы æвзонгад фæдсафæгау махæй, —

Хорæй уый сайы мæлæт.

Иу дæр нæ уыди, æвæццæгæн, ахæм,

Чи йыл нæ бакæны мæт.

 

Калы мæнæн дæр мæ тæгæр йæ сыфтæр, —

Уадимæ нал кæны тох,

Мысинаг фесты мæ цинтæ, мæ зынтæ,

Иу дæр дзы нал кæны рох...

 

Гъæйтт-мардзæ, ме ’фсургъ, цы лæууыс æндзыгау,

Цалынмæ зæрдæ тæлфы,

Царды хæрзамæндтæ уидзæм бындзыггай,

Доны æрфыты — кæфау!..

ÆГУЫДЗÆГ ÆМДЗÆВГÆ

Мæ рудзынджы кæронæй

Уады æгъуыз къухтæ

Систой мæ урс гæххæтт

(Хъулæттæ дæр ыл нæма уыд)

Æмæ йæ ныххуырстой,

Нæ дзæргъы хъыбылтæ

Зæрдæвæндиаг быгъдулæг

Кæм кодтой,

Ахæм цъыфмæ.

Æз хъуыды кодтон:

Кæй аххос нæ у:

Мæн, гæххæтт æви

Цъыфы?

Æмæ загътон:

Афон у

 

Цъыфæн — сур,

Гæххæттæн — фыст,

Мæнæн — поэт

Уæвынæн.

 

Афтæ кодтон зæгъгæ,

Мæ хъуыдыйы та уыди:

Æвæдза: куыд æнцон у

Мæнæ ахæм

Æгуыдзæг æмдзæвгæтæ

Фыссын!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
УАСÆГ ÆМÆ КАРК| СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)