Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Сонет лæджы карыл

НЫВГÆНÆДЖЫ ТÆРГАЙ | ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ | СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН | ХУДÆДЖЫ СОНЕТ | ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН | ХОХАГ ЗÆРОНД УС | ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС | КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ | ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ | УАСÆГ ÆМÆ КАРК |


Читайте также:
  1. Венок сонетов
  2. ВЕНОК СОНЕТОВ - УСКОРИТЕЛЬ ДУХА
  3. ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ
  4. Сонет (фр.) подражая Гумилеву Н.
  5. СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ
  6. СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН

Плиты Грисæн

Куыд карз, куыд уæззау ысты азтæ!

Лæг сæ æргъомбастау хæссы:

Ныр гъа, æппæтмæ у дæсны,

Æппæтæй разыны уæд бастау.

 

Кæм нæ дын аудынц дæ удыл, —

Дæу сахуыр кæндзысты, бæгуы,

Нæргæ зард сисгæйæ — кæуын,

Цæссыг ныхъуыргæйæ та — худын.

 

Куырмау дæ нал хæссы дæ къах

Дæ нысанмæ, æмæ та мах

Уæд комдзог рацæуæм нæ удтыл...

Кæны æнус-æнусты Лæг

Йæ сонтæй хистæрмæ хæлæг,

Зæрондæй кæстæрмæ тæхуды.

РОМАНТИКОН ÆМДЗÆВГÆ

Æз æууæндын: фæсцард нæ рафты

Лæг бæласау... Хæрын æз ард дæр:

Мæ райгуырд куыд нæ федтай, афтæ

Нæ фендзынæ ды мæ мард дæр!..

 

Æз куы мæлон, — Сæнайы хохыл

Ис цъæх цъити, — уый у мæ ингæн...

Мæн рæудымгæ нæ уадзы рохы, —

Уый цур никуы уыдзынæн иунæг.

 

Æз уыдзынæн йæ иу хай ихæн, —

Уалдзæг хъал дон куы нæра кæмтты,

Уæд йæ уылæнтæй иу ызнæтæй

Иры къæсмæ кæсдзæни джихæй.

 

Æмæ сисдзæни зæххыл цинтæ,

Мæры базмæлдзæн, гъе, уæд уидаг;

Бæрзы цонгыл чызгайы риутау

Ракъуыбыр уыдзæни дидин.

СОНЕТ

Фæлдисæг æрдзмæ иу хины тых и,

Лæджы кæны æдылы æмæ хивæнд:

Цы уа йæ бон, — фæкæны уымæ зивæг,

Цæмæ нæ арæхсы, — мары йыл йæхи.

 

Уæд тагъд дон фурды не ’ййафы, бæгуы,

Тæвдæй ма къухтæ авæры йæ рустыл.

Тæргай зæдау йæ зæрдæмæ ныхъхъусы:

Нæ йæ фæци кæйдæр фынгæй ысгуы!..

 

Фыццаг цæфæй, дам, къодах у бæрæг,

Нæ йæ бафæнды базонын: æцæг

Кæм æмæ кæд ысфидауы йæ зарæг?

Рæстæгмæ ма куы æрцахсы йæ зонд,

Уæд, кæс, æмæ æвзонгæй у зæронд —

Ныххардз ысты йæ ныфс æмæ йæ хъару.

 

Ныффынæй ис ком. Æмæ хæхты рæгъау

Æрвгæроны систа йæ сытыл.

У бур-бурид æхсæв: уæзбын мæйы нау

Фæсрагъæй ысдары йæ былтæ.

 

Уымæлвад фæтæнтæн рæууддзæф уырдыг

Ныллæууыд, цъæнут рæгъты фасы.

Æхсыры хъæндил та ныррухс кæны фынг,

Куырмæхсæджы митæ нæ уарзы.

 

Дæ быны æрытау цъæх-цъæхид кæрдæг,

Мæ хæлар, æркæ-ма бæгæны!

Куы нæ зона амондыл цин кæнын лæг,

Уæд ма-иу ыл тох та цы кæны?

 

У ацы уысм махæн нæ уды æнцой:

У дун-дуне — рох, мах дзы — рохы...

Фæрнæй-иу фæцæрæнт, кæм кæнынц нæ кой,

Мах — иппæрд нæргæ царды тохæй.

 

Уадз арты æвзæгтæ æнхъæвзой сæнау,

Рæудымгæ дæ бецыккæй хъаза.

Нæ зынтыл цас раздæр уæлахиз кæнæм, —

Сæ фыддæр фæлæууы нæ разы!

 

Лæппуйæн йæ митæ æхст фатау — тæлтæг,

Æвронг цард ыл арвау ныккæлы,

Кæд амонды уысммæ нæ зона хæлæг,

Уæд ма-иу ыл тох та цы кæны?!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;НКЪАРД БОН| ДÆЛЛАГ ГАЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)