Читайте также: |
|
Уасæг æмæ каркæн
Уыд сæ цæрæн иу:
Зонгæ дæр æй ма кæ,
Маст, æххормаг циу.
Хъа-хъа æмæ хъи-хъри,
Тæбæгъы — мæнæу.
Уасæг-иу йæ рихи
Аздыхта фæлмæн.
Фæлæ, рацæй-рабон,
Иу ницæйаг цау
Расайдта фынафон
Хъаугъатæ, быцæу:
— Æз куы нæ уон, уастæн,
Базон æй, мæ хур,
Хуыссæнæй нæ растдзæн
Райсом раджы хур, —
Афтæ загъта уасæг,
Мадæл карк ныффæрск:
— Чи загъта, дæ уастмæ
Раста хур æцæг?!
— Гъа уæдæ, мæ бæдул, —
Дзур, сыд къоппа, дзур, —
Райсомæй дæ хъæбул
Нал фендзæни хур!
Ничи сæ уыд разы,
Райсомæй, кæс-ма,
Уасæг нал ныууасыд,
Хур уæддæр ыскаст.
Нал æндавы хъарм дæр
Уасæджы, мæгуыр,
Уый æрттæдæлармæй
Каурæбын лæууы.
Мадæл каркæй тагъд-тагъд
Азилы фæрсмæ...
— Ехх, цы мæ нæ уагъта,
Басудза мæ сæр, —
Загъта карк...— Уадз афтæ
Уа æнхъæл æцæг,
Æз, мæ хур, цы сафын, —
Уый куы у мæ лæг!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ | | | AElig;НКЪАРД БОН |