Читайте также: |
|
Иу чызгмæ
Фырбуц идальго Дон-Кихотау æз
Æрымысыдтæн дæу, мæ хур, мæ сæнтты,
Æмæ æдылы рыцæрау нæ сæттын:
Мæ къухы — цирхъ, мæ уæхсчытыл — пæлæз.
Фæлæ нæм иунæг хицæндзинад ис:
Ды дæ æцæг рæсугъд чызг — Дульсинейæ,
Цæрыс мæ кæрты, гъе, фæлæ мæ коймæ
Дæ тымбылкъухы февзæры мæцъис,
Æмæ æрцæуы дурадзагъдæй тард
Нæ минæвар, æгæуæг уа йæ мард, —
Йæ хуыздæртæ сыгъды амæттаг фесты!..
Æз та мæхи уæд худæгæй фæмарын:
Цы кодтаид рæдау рыцæр мæ раны,
Дæуæй, мæнæй кæй нымадтаид растыл?..
***
Ацы горæты арвыл нæ фæзыны мæй, —
Фæлидзы нæ цырæгъты рухсæй.
Æз та ма йæ аууæттæм хъавын, цæмæй
Дæ чъызгæ пъа судза мæ рустыл.
Уый раджы уыд, зонын, ды уарзты зæдау
Куы кодтай мæ разы къæмдзæстыг,
Фæлæ мæ фæсайдта мæ уды рæдау, —
Дæ фæдтыл нызгъæлы мæ цæссыг.
Дæ сæрмæ нæ хастай, нæ кæмтты мæ ном
Кæй нæрыд: мæ хорз, нæ — мæ сонтæй,
Æмæ дæ æндæрмæ фæкодтой, мæ бон,
Нæ царды æвæстиат бонтæ.
Фæцыдтæ... Мæ мид-зæрды ферохдæ кой.
Фыдбылыз, фыдæнхъæлыл афтæ
Фæцахуыр дæн, æмæ ма еу-сар кæнон, —
Сæ рынæй нæ уыдзынæн афтид.
Хъыг ма мын цы вæййы: мæ мæлæты бон
Нæ уыдзæн, æгæр-мæгуыр, райдзаст:
Мæ табæты уæлхъус нæ зæгъдзынæ, зон,
Дæ уарзон ныхас уа, дæ уайдзæф.
ПОЭТЫ НЫХАС СЫЛГОЙМАГИМÆ
Цы ’нхъæл мæ дæ? Кæй бауарзтай? Цæмæн?
Дæ уд хуынау æвæджиау куы уыди.
Цы лæджы фырт ысхæлар уа мæнæн,
Уый йе ’намондмæ авдæнæй бæллыди.
Мæ хъуыды у мæ зæрдæйау æргом:
Дæ хорз мæм афтæ уадиссаг нæ кæсы, —
Мæ сæрыстыр дæ номыл дара ком,
Æмæ куыдзау ныллæзæра дæ къæсы.
Æз иунæгдæн. У иунæгæн йæ хал:
Фæндтæй — æххæст, йæ рахæцæн — цыбыр къух.
Нæ дæ хизы фыдбылызæй æмбал,
Æмæ йыл, цу, уæд иунæгæй фæтых у!
Хатыр, дæумæ дæр баххæсти мæ цонг!
Фыццаг-фæстаг нæ кæнын дæу æнамонд.
Мæн ма фæнды: сæуæхсид растад ног,
Уæд-иу мын зæгъ: мæ хæлар лæг, æрбабон!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН | | | ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН |