Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Ацæргæ поэты ныхас

ЧЕСЕЛТГОМ | ПОЭТÆН | ХУР, ХÆХТÆ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ | ТУРКАГ ИРОНЫ ХЪЫНЦЪЫМ | БАЛЛАДÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆЙЫЛ | ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ... | РУХС ИЗÆР | КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ДАВИД-СОСЛАН КУРАЙЫ БЫЛЫЛ | ХОХАДЖЫ РАДЗЫРД |


Читайте также:
  1. AElig;РГОМ НЫХАС
  2. АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН
  3. ЗÆРÆДТЫ НЫХАС
  4. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  5. ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС
  6. МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС

Сæнайы хохыл та сæумæйæ

Æрбабон,

Фæлмигъ хъæды гакк-гукк йæ хъæлæба

Систа.

Мæ фæллад цæмæй у, уый нал хатын

Абон:

Цы ис, ууыл — разы сты ивгъуыды

Ристæ...

Цырагъау ыссудзы, куыд мæ фæнды,

Афтæ

Мæ боны рухс...— Райгонд цæмæй нæ уа

Зæрдæ!..

Мæ сагъæс — æвæгæс дзæнгæрæгау

Рафтыд,

Нæ йæ уадзы хъуыды хуыснæгау

Йæ кæртмæ.

Нæ дун-дуне — армыл æвæрдау —

Мæ разы,

Йæ хорз уа, йæ сæфтæй. Цы нæ вæййы

Царды:

Къух ауыгътон раджы мæ хиуарзон

Хъазтыл, —

Нæ кæнын æрратæ

Хæрзамондыл,

Кадыл...

Цæуыл ма фæтыхсын!.. Сатанайау, —

Дзагарм

Мæ уарзон бинойнаг... Дæн райгонд

Мæ цотæй.

Ау, уый та куыд у: æз мæ фæззæгæн —

Цагъар?! —

Мæ дзуринаг фесты мæ рацæргæ

Бонтæ!..

Йе ногæй æрцарди кæфхъуындар

Мæ къæсы:

Нæй дон, æмæ зивæг сах абадти

Хъулау...

Зындоны тæссæй мæм тæссагдæр

Фæкæсы,

Куы мæ кæнынц ахуыр, цы нæ уарзын,

Ууыл.

Гъей, Нарты дзырды фарн, фыддымгæмæ

Тулдзау

Дæ уæззау къæс-къæсæй мæ зæрдæ

Нырризы...

Цæй, ахæм тых ратт, æмæ ма цæуæм

уддзау, —

Уадз зарæг нæ Ирыл

Нæртон лæппу

Сиса!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 52 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МА ТÆРС...| ФÆЗЗÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)