Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ.

ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | СВЕТЛАНÆЙÆН | ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ | ДÆУÆН | ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ | БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ | ЧЕСЕЛТГОМ | ПОЭТÆН | ХУР, ХÆХТÆ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ | ТУРКАГ ИРОНЫ ХЪЫНЦЪЫМ |


Мæ зондыл сахуыр дæн. Мæ зæрдæ мæ хъыг дары,

Кæд афтæ у нæ хъысмæты ысконд:

Цы уарзыс, уый дæ сусæг-æргом мары —

Мыдыбындз калы дидиныл йæ бон!

 

Æмæ та йыл хъæцыс. Æмæ та у йæ рæстæг.

Дæуæн, цавддурау, байгас и дæ зын.

Æууæндыс та: дæ нысаныл фæхæст дæ,

Æмæ та дæ фæсайдта ног дæ фын.

 

Мæ бæх æууилы уидоны æрттигътæ,

Къæбæрæй — цух, фыдбылызæй йын — хай!..

О, та-та-тæ! Ныллыг уын кæн уæ хихтæ,

Лæджы уды кæнут уæддæр та най.

 

Дæ зæрдыл дарыс иунæг хъуыды: амонд

Хуызæнæй дæр фæлитой у, мæрддзæст.

Дæ уаз бæллиц — æнæссаргæ, дæлимон,

Æлгъитын æй нæ бауарзы та цæст.

***

Уый сыстад мигъдалынг.

Нæ кæмтты арф рæбынты

Ыздыхсы митвæздæг, фыдтардзæгъдæн кæны.

Цыма хъысмæты сар у аудæг мæ зынтыл, —

Æмызнæт рог дуне дæ фæхъуыдыл кæуы!..

 

Цы сты фæндон хæрзтæ!..—

Дæ ингæны кæрæттыл

Цæрдæг æрытауы йæ урс нымæттæ уад,

Сæрфын сæ хъарм къухæй æмæ кæрзы мæ зæрдæ:

Ам ис мæ удлæууæн, стæй де ’нусон бынат...

 

Лæг дæн, —

Цæссыг нæ фидауы мæ кары...

Фæлæ мæлæтыл ахуыргæнгæ нæу,

Æз хъусын зад уыгæрдæнтæй дæ зарын, —

Дæ хъæбулты фæсус марой: фæлæуу...

 

Мæ хо дæм къухбавналын дæр нæ уадзы,

Йæ цæссыгтæ ызнæт къадайау — цырд,

Æз та дæ табæт сау ингæнмæ уадзын

Дæ къухтæй быд гæрзбæндæныл, мæ фыд!..

 


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БАЛЛАДÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆЙЫЛ| РУХС ИЗÆР

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)