Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хæхбæсты аргъау

МÆ НЫСАНЫ БÆРЗОНД СТЪАЛЫ | БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ | КÆМÆНДÆРТЫ | КЪУЫРМА КОМПОЗИТОР | ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН | AElig;МÆ УÆДДÆР... | НЫЙЙАЗÆЛД | ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | СВЕТЛАНÆЙÆН | ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ |


Сывæллæттæн

Æргъуын-биргъуын бирæгъау...

Уæлæ рæгътыл иу рæгъау.

Рацæуы сычъи-дзугтæ,

Нард ысты, бæгуы...

У йæ тынгыл хосгæрдæн,

Уыд сæ фысым сойгæрдæг.

Хуры тынтæ судзинтау,

Дойны сæ кæнынц.

 

Комрæбын æхсæрдзæн дæр

Аууоны æрфæлмæнтæ.

Сисы къæйбын джигуртæ,

Айсысы йæ маст.

Кæсаг та цъыллынджытæ

Сисы уæд йæ фынчыты,

Уымæн доны зилдухы

Ницæмæй у тас.

 

Мæргъты зиу: тъылланг-мыллунг,

У хæхбæсты фарны дуг,

Цæвæджы ныййазæлдмæ

Базмæлыди ком.

Цъырцъыраг фыддъылысæй

Бавдæлы йæ цъыс-цъысмæ,

Бандæвта йæ урс зымæг,

Нал калы йæ бон.

 

Хуымтæ — бурбын, зад мæнæу

Узы дымгæ, авдæнау;

У сæркъул, фырдиссæгтæ,

Уайсадæг чындзау.

Мыст дзы хъавы давынмæ.

У йæ хъуыды: уа мын, нæ?

Сисы уый йæ цъистытæ,

Хуыккоммæ тындзы.

Уырдæм ды куы бахауай,

Уæд æрцардтæ аргъауы,

Хъул дæм нал и койы дæр, —

Ралæг дæ æваст.

Мила дын йæ кæрдзынæй

Авæрдзæн æвдæрзынмæ,

Гино дын йæ къонайы

Бакæндзæни уат...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 91 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДÆУÆН| БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)