Читайте также: |
|
Ды нал дæ æмæ, де ’рдыгонау, нæу
Уæлон хъарæг. Дæ цыртыл уад ныккæуы.
Фæлæ цы мад фæхаста, хурау, дæу
Йæ ризгæ уырзтыл, уый, мæ бон, цы кæна!
Дæ риуыл арт сырх æвзæгтæй æнхъæвзы,
Кæд, чи зоны, мæ фидыцы хъæбул,
Дæ ингæныл, мæнау, кæмдæр ныккæрзы
Кæйдæр мад, — сæр йæ цæссыгæй æркъул.
Æмæ дæу дæр ныссагъта уад йæ фæттæ,
Сæргуыбыр дзыллæ уонгуагъдæй лæууы.
Дыууæ мады та а бæсты кæрæттыл
Кæрæдзи фырттыл сусæгæй кæуынц.
О, Мадымайрæм! Айс, уæдæ, мæ табу, —
Сæ цард — зындон, уæд сын хæлар дзæнæт!
Цы уæлдай у, гъе, уый дæр у мæ хъæбул,
Кæд иу цæхæры басыгъдысты, уæд.
ХÆТАГ СЫЛГОЙМАДЖЫ ЛÆГЪСТÆ
Саутар. Æгуыппæг хъæд. Уарын.
Æмæ дæ цæстыты рухс.
О, мæ хур, базон-ма барын:
Бауарз мæ цъус!
Тайынц дæ рустыл мæ пъатæ.
Де уæнгты сатæг дыз-дыз, —
Зæрдæйы уидæгтæй хатын, —
У ныр æргом фыдбылыз.
Ацы мæнг дунейы хъалтæ
Хъазынц, тыччыйау, мæнæй.
Бауадз мæ иунæг хатт адæн
Бауарзон уды фæрнæй!
Цал уды хорзæй фæхъуыдтæн,
Цал хатт нытталынг мæ бон,
Цал хатт дæ федтон мæ фынты,
Оххай, мæгуыр уа мæ бон!..
Мауал у мемæ ды уа карз,
Ме знæт тæссонд у, хъæц-иу!
Иунæг хатт иунæг лæджы раз
Нал дæн сылгоймаг. Фæци!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 91 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
НЫЙЙАЗÆЛД | | | СВЕТЛАНÆЙÆН |