Читайте также:
|
|
Нынкъуысы тæрс. У, мæйау, фæззæг бур.
Æрыскъуыйы ма тадзгæ-баргæ сыфтæр.
У хъæд сæртæг. Рæудымгæ æмæ хур.
Хъыс-хъыс кæны сæлавырæн йæ сынтæг.
Тæхæг мæргъты рæу цъах-цъахæй тæрсы,
Хъуыр-хъуыр кæны йæ хуырвæндагыл къада.
Сæ цъиу-цъиу сисынц зымты дзуг, ыстæй
Ныхситт кæнынц къуымбил æврæгътыл, уадау.
У цардгъуыз мыст: хор зымæгмæ — йæ фаг,
Хыпп-хыпп кæны: нывыл — йæ къуым, йæ уавæр.
Ныхъхъыррыст кæны бирæгъы дæндаг,
Ныхъхъус и рувас: мадæл каркмæ хъавы.
Фæцæуы комæй байраджы мыр-мыр,
Бæхгæрдæг ма кæдæй-уæдæй нæ федта.
Бæрзонд арвмæ та ивазы йæ хъуыр,
Сыф-сыф кæны æнæхицау ракетæ.
Лæдзæгæнцой цæуы йæ къæсмæ лæг,
Зæлфæлдисæгмæ богъ-богъ дæр нæ хъуысы.
Цы уарзта, уый йæ удмæ уыд хæлæг
Æмæ йын радта иунæг хорзæх: мысын.
Цæуыл ма уа пахуымпарæн йæ тох:
Дæ арм, тæргайау, авæр-ма дæ русыл.
Кæсы æмæ цы дунейæ у рох,
Уый, хионау, зæрдæйы цæстæй хъусы.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 38 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
КÆМÆНДÆРТЫ | | | ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН |