Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ФЫДЫ КЪÆС

ЗАРÆГ | ФЫДÆНХЪÆЛ | ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ | РАЗДÆХ | СЕ ЗНАГЫЛ МÆ ЧИ НЫМАЙЫ, УЫДОНÆН | УАЛДЗÆГ | ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС | ХÆРЗИУÆГ | ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ | ДЗЫРДЫ ФАРН |


Читайте также:
  1. МÆ ИРЫ КЪÆС

Тар æмæ сау зым. Сонт дымгæ, малы кæсагау.

Базмæлы. Асгары хъæуæн йæ тæрттæ.

Цард мæ у рохы. Зæрдæ — æвæджиау сабыр,

Хохаг хъæддзауы уæгъдæппæрст фæрæтау.

 

Цырагъ æрхуыссы. Сисы йæ къæппæджы фаддзу,

Рагон мысинæгтау. Къухыл ныддæвдæг и сис.

Ехх, ныр цæ уцы фæнциæгтæ искæмæн рацзур

Цацæг, æргомæй, фæлæ сæм хъусæг кæм ис!

 

Рацзур, кæй уарзтай дæ райгуырæн бæстæйы афтæ, —

Калди цæ къухы ныхты бынæй туг,

Хъамайы комыл фæцыцтæ, нæртон лæгау, кафгæ,

Ницы тых цын арцта, хионау, ацы ’змæст дуг

 

Ме знæт фæзылцмæ рæмпæгæвцæрзт рагъхъæцы синæй,

Сабыргæнæгау, мæ размæ æрызгъæлы сæг.

Не стыр хъуырна гæды ахсæв йæ уазæджы цинæй

Зилы мыстагур æмæ йæ н’ ахсы хуыссæг.

МÆ САБИЙЫ БОНТÆ

Мит уары. Фæлмæн мит.

Хæхбæстæ —

Æгуыппæг.

Сырддонцъиу та сиды

Фыд-зымæг,

Фыдфынтæ.

Расты урс-урсид тар.

Хъæд бæгънæг у,

Æдзынæг.

Митхъæпæныл

Сырх уагъылы

Судзы æртытæ.

Хъæу — лæгъз гæххæттыл

Саубын

Тæппытау,

Иугай-иугай хæдзæрттæ,

Сæ дзырддаг —

Зымæгыл.

Мыст йæ къуыммæ

Фæхæссы

Æхсæры æппытæ,

Мила байбын

Ныррæйы,

Дæлдзæхæй хъырнæгау.

Куырой баззади рохы:

Зынæг æм

Нæ фæци.

Уый ныццауаз — кæсаг,

Хъаз йæ фыдтыл та

Хъулæй.

Ам мæ сабидуг —

Гомкъах,

Йæ циныл нæ хъæцы,

Дæндагæй æвзары

Хæмпус миты

Дзуллаг.

Æнæмæт, сæрибар!

Ныр мæнæ

Дæ фæдон

Æдзæллаг хъуыдытыл

Æхсæвæй

Уа, бонмæ.

Дæ уаз къона мысын

Кæмæн нæу

Йæ фæндон, —

Мæ фæлитой кар та

Нæ кæсы

Мæ коммæ.

Мæ зонд уа,

Мæ хъару,

Тынуæраг сывылдзау,

Дæ хорзæй,

Дæ фæрцы

Уадз дун-дуне фена;

Фæстауæрцы бонты

Дæ къæсмæ

Зындзынæн,

Мæ урс сæр

Ныххаудзæн

Дæ уæрджытыл гъеуæд.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 83 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФÆСМОН| ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)