Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фæсмон

СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆНДОН | ЗАРÆГ | ФЫДÆНХЪÆЛ | ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ | РАЗДÆХ | СЕ ЗНАГЫЛ МÆ ЧИ НЫМАЙЫ, УЫДОНÆН | УАЛДЗÆГ | ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС | ХÆРЗИУÆГ | ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ |


Читайте также:
  1. ФÆСМОН
  2. ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ

Æризæр и. Æрфæлмæн комы уад.

Нымæтын ехсæй нал цæвы мæ рудзынг.

Гуыв-гуыв кæны мæ пецы лагъзы арт,

Гуылæвзагау цыдæр таурæгътæ дзуры.

 

Мæ цырагъ ризгæ кафыныл фæци.

Фæсабыр куыдз, уый рухсмæ нал у хорзау...

Уыд ацы къæс мæ удæнцой, мæ цин, —

Хæтаг сылау мæ афæлывта горæт!

 

Ныр мæнæ, гъе, мæ боны рухс фæуы,

Зæрондау мæ йæхимæ ласы тæрхæг.

Ис ахæмтæ: кæйдæр цардæй цæры

Æмæ нæ зоны, чи, цы у йæхæдæг.

 

Кæм нæу лæппу йæ уаз бæллицты рог, —

Мæ уды диссаг арвы бын нæ цыди:

Фыдбоны раз нæ тасыди мæ цонг,

Рæствæндагыл мæн ардауын нæ хъуыди.

 

Фæсхохмæ атылд уыцы бæсты хур,

Фæлæ та йæ æрцагурын мæ рысты.

Ныр цу æмæ, тæргай лæппуйау, кур

Дзырды бар,

Ном

Дæ ницæйаг фыстытæй.

 

Мæлæт, дæуыл дæр æз нæ кæнын дис;

Зын у, бæгуы: тар чи ивы йæ боныл;

Фæлæ мæ Ирæн, — уый ма у мæ рис, —

Æз хорзæй ницы бакодтон, мæ боныл!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 33 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДЗЫРДЫ ФАРН| ФЫДЫ КЪÆС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)